БАБОЧИТИ Руслан
Сӕумон ӕрдзӕ
Сӕумон ӕрдзӕ ӕригъал ӕй,
Ӕ цӕститӕ ӕууӕрдуй.
Ӕвӕруй ин еци гъарӕй
Ӕ цӕсгомбӕл хор ӕ туй.
Зарӕг мӕргътӕн ӕнӕхийнӕ
Сӕ цъӕбар-цъубур цӕуй,
И цъӕх зӕлдӕ ӕ фурцийнӕй
Ӕставд ӕртӕхӕй кӕуй.
Тасӕ-уасӕ – и бӕласӕ,
Ӕ дзӕгӕргутӕй ходуй.
Уой бафӕнзӕ ӕнӕлазӕй,
Уомӕй фестӕ, тӕходуй!
Царди денгиз ци рӕсог ӕй,
Ци бӕрзонд кӕнуй цӕхъал!
Некæд адтӕн ӕз мӕ доги
Атӕ гъӕздуг, атӕ хъал!
Куд ӕлвасуй, куд, ӕхемӕ
Сӕумон ӕрдзӕ – дзудзуна!
Уарзтӕй ӕндӕр а дуйнебӕл
Нецибал ес, раст, цума.
Цӕмӕ дон кӕнуй мӕ цӕстӕ,
Цӕмӕ раун ӕз хъурмӕ?
Атӕ нивгунӕй мӕ бӕстӕ
Некӕд фӕууидтон нурмӕ…
2013 анз, 8 май
Замана
Некебал ӕй ӕстонг нури доги,
Бӕгънӕг дӕр некебал ӕй, о фал,
Хуӕрзарӕзтӕй ӕма ӕфсес уогӕй,
Ӕндӕр хузи иссан байтамал.
Исгъӕр ӕй нӕмӕ нур уӕхӕн лазӕ,
Уӕхӕн рун исахид ӕй не ׳хсӕн,-
Раздӕрау, кӕрӕдзей нӕбал уарзӕн,
Кӕрӕдзебӕл удта нӕ ресӕн.
Къахӕй сӕрмӕ фестадан хъӕдавӕ,
Неке ни ʹй некӕмӕй ихӕсгин.
Фӕссурдтан нӕ зӕрдитӕй гузавӕ,
Ниммардтан нӕ зӕрдити и зин.
Хæрӕгбадт ракодта еу иннебӕл,
Нӕ хайуан еске хуми тӕрӕн.
Нӕ тӕрсӕн нецӕмӕй а дуйнебӕл,
Еунӕг бон, еунӕг анзӕн цӕрӕн.
Нӕ рӕстӕг бауагъта ни ӕ незтӕ,
Ӕхецӕн ни ׳скодта аманат, -
И къӕбӕр парахат кӕми фестуй,
Уоми ׳фсарӕ исуй замана…
2013 анз, 7 январь
Цӕститӕ
Сӕ дзубанди куд ӕмбаргӕ ׳й,
Ӕхцӕуӕн ӕма рӕсугъд!
Нӕ фӕнзунцӕ содзгӕ маргӕй
Адӕймагӕн ӕ фудцъух.
Ӕнӕ ׳взагӕй, ӕнӕ билтӕй
Ци аййев ӕй сӕ таус!
Ци уездон ӕнцӕ сӕ хилтӕ,
Ци нидӕн ӕй сӕ къус-къус!
Нӕ зонунцӕ еске фаун,
Нӕ кӕнунцӕ еске кой.
Куд фӕуунцӕ гъӕугӕ рауӕн
Мадзора ӕма цийной!
Ӕнӕстуфӕй устур фуди
Ци дзорагӕ ׳й, ци, сӕ суг!
Сӕ гагути уӕззау гъуди
Исфедауй ци уинддуг!
Фӕлмӕн ходгӕй, игъӕлдзӕгмӕ
Ци дӕсни ʹнцӕ кенӕ ба!
Изолӕй дӕр лӕгӕй-лӕгмӕ
Ци адгин фӕууй сӕ ба!
Цӕмӕн уотӕ ׳й, ци дессаг ӕй?-
Нӕ уогӕй сӕбӕл гъӕлӕс,
Ӕнӕвзагӕй зӕрди ʹвзагӕй
Етӕ дзорунцӕ ӕрмӕст…
2013 анз, 6 июль