«Цалдæнгæ цæра æвзаг, уæдмæ цæрунцæ адæм»
Конкурстæ
Рæстæг догъон бæхау æй. Не´взаг исæфти къахмæ цæуй. Сæйгæн уæлдæф куд нæбал фæффагæ кæнуй, уотæ нин нæбал хъæртуй не ´взаг. Беретæй сæ сæрмæ нæбал хæссунцæ. Уæрæседзаутæ нæмæ исберæй. Кæд Иристонæй рацæугæ зундгонд ахургæндтæ сæ сæрмæ хастонцæ се ´взаг зонун, ма син йе кадæй уæлдай æгади хуасæ нæ фæцæй, некæми сæ бахъор кодта устур ахургæндтæ исунмæ, уæд нури фæсевæд ба сæ къох цæмæ ракъуæрдтонцæ нæ устурдæр хæзнатæй еуебæл – маддæлон æвзагбæл.

Маддæлон æвзагбæл сæ дессаги аййев, арф гъудигун, гениалон æмдзæвгитæ финстонцæ нæ дигорон æма ирон æвзаги бундорæвæргутæ Малити Георгий æма Хетæгкати Къоста. Уонæй рахезгæй, Иристони адтæй æма ес берæ курдиадгун финсгутæ, кæцити исфæлдистадæ исхизтæй бæрзонд æмвæзадæмæ, нæ литератури æрахæста аккаг бунат. Ахур син кæнæн сæ уадзимистæ æма æмдзæвгитæ рæвдауæндонæй райдæйæ æма уæлдæр ахурадон учрежденитæй фæууо. Æвзаг æма исфæлдистадон куст æнцæ æнгом баст. Йе ´вæрæнтæмæ ин устур хай хæссунцæ нæ поэттæ сæ курдидæй. Ирон æвзаги райрæзтбæл косунцæ нæ финсгутæ, сæ хъауритæ не ´вгъау кæнгæй ин йе вæрæнтæмæ алли бон дæр нæуæг исфæлдистадон хæзнатæ бахæссунбæл. Уомæй рахезгæй, ирæзгæ фæсевæди хæццæ зæрдиуагæй архайунцæ ирон æвзаг æма литератури аургæнгутæ. Алли анз дæр республики скъолати рацæуй радон конкурс «Ирон аив дзырды дæсны», кæцими фæййархайунцæ алли скъолатæй ахурдзаутæ. Ирæфи район дæр фæстаг нæ байзайуй. Мæнæ аци анз дæр бабæй арæзт æрцудæй аци конкурс Чиколай фиццаг скъолай, кумæ æрæмбурд æнцæ сувæллæнттæ, ма ерис кодтонцæ аййев дзурди. Конкурс арæзт æрцудæй Хостихъоти Зинæ, Хъодзати Æхсар æма Дзасохти Музафери райгурæн бонмæ. Æ домæнтæмæ гæсгæ архайгутæ гъæуама аййев бакастайонцæ аци автортæй еуей æмдзæвгæ. Адтæй ма си дуккаг домæн дæр – ахурдзау Къостай туххæй æхе финст (авторон) уадзимис, æмдзæвгæ бакастайдæ. Фæббæрæг кæнун мæ фæндуй уой, æма, гъулæггагæн, аци анз архайгутæй берети бакъулумпи кодта се ’нæнездзийнадæ. Æдеугур адтæнцæ фондз: Дадтети Салимæ æма Гæтцити Каринæ, Советтони гъæуи скъолай 9 – аг къласи ахурдзаутæ (ахургæнæг Дзабайти Аллæ); Хохти Самирæ, Чиколай фиццаг скъолай 11 – аг къласи ахурдзау (ахургæнæг Озити Тая); Малхъарти Катеринæ, Ахсæрисæри астæуккаг скъолай 8 – аг къласи ахурдзау (ахургæнæг Катаути Таня); Рæмонти Ирмæ, Сурх – Дигори астæуккаг скъолай 8 – аг къласи ахурдзау (ахургæнæг Габети Зæлинæ). Жюрий иуæнгтæ: РЦИ – Аланий культури скъухт косæг Аркъаути Джульетта, уæлæмхасæн ахуради Центри педагог – организатор Хъульчити Алетæ, ирон æвзаг æма литератури ахургæнгути рахаст унаффæмæ гæсгæ 1-аг бунат лæвæрд æрцудæй Дадтети Салимæн, 2-аг бунат – Хохти Самирæн, 3-аг бунат ба байахæста Малхъарти Катеринæ. Фулдæр ахурдзаутæ си ку архайдтайдæ, уæд никки хуæздæр бæргæ адтайдæ.
13 октябри ба æгас районти æма горæти скъолати уæлахездзаутæ æрæмбурд æнцæ Дзæуæгигъæуи 28 астæуккаг скъолай, кæцими рацудæй конкурси кæронбæттæн. Ами дæр нæ райони минæвæрттæ фæстаг нæ байзадæнцæ. Сæ аййев дзурди фæрци сæхемæ æригъосун кодтонцæ архайгути дæр æма жюрий иуæнгти дæр. Хатдзæгтæ искæнгæй, 9- аг кълæсти ахурдзаути ʹхсæн 1-аг бунат райста Советтони скъолай ахурдзау Гæтцити Кæринæ, 2-аг бунат ба лæвæрд æрцудæй еци скъолай ахурдзау Дадтети Салимæн. 11 – аг кълæсти ахурдзаути æхсæн бæрæг дардта Чиколай 1-аг астæуккаг скъолай ахурдзау Хохти Самирæ, кæци райста 1-аг бунат. Арфæ син кæнæн сæхецæн дæр, сæ разамонгутæн дæр. Идарддæр дæр сæ къохти устур æнтæстдзийнæдтæ æфтуйæд.
Идарддæр дæр косун гъæуй уобæл, æма нæ цард уоци уагбæл арæзт куд цæуæ, не взагбæл куд ауодæн, алайнаг æвзаг цæмæй фæстæмæ æ бунат дуйнеон æвзæгти æхсæн куд æрахæсса. Уобæл ку архайæн, уæд нæ исони бон уодзæй гъæздуг, рæсугъд æма æвæсмон. Цалдæнгæ цæра æвзаг, уæдмæ цæрунцæ адæм, ирæзуй сæ националон культурæ, федар кæнуй сæ националон хеæмбарунадæ. Уомæ гæсгæ уотæ хъазар æй нæ адæмæн сæ маддæлон æвзаг. Уомæ гæсгæ ибæл ауодунцæ нæ дзиллитæ æма домунцæ, цæмæй ирон, дигорон æвзаги кадæ нæ адæми æхсæн бæрзонд ист æрцæуа.
Бабочити Э.