«Ирæф» газет
«Ирæф» газет уарзон æй нæ райони цæргутæй сæ фулдæремæн. Берæ аллихузон æрмæг си ес иссерæн. Куд райони хецауади кусти, уотæ культурæ æма ахуради, хумæтæг адæми, фæсевæди æнтæстдзийнæдти туххæй æма уотæ идарддæр.

Рафинсунцæй нæ райони еугур гъæути дæр æмаʹй кæсунцæ куд хестæр адæн, уотæ кæстæртæ дæр. Задæлескаг Гамаонти Азамат баʹй айдагъ кæсгæ нæ бакæнуй, фал ма постхæссæгæн фæййагъаз кæнуй æ райуаруни.
Хуцау ди исарази уæд, Азамат, ʹма дзæбæхæй байрæзæ!