Кудфӕндий цӕстингас хуарз зунди бӕрӕггӕнӕн некӕд ӕй
Хъазар газзеткӕсгутӕ, ма бангъӕл уотӕ, зӕгъгӕ, мӕнӕ ме ҆сконд хузистити ци силгоймаг ес, е кенӕ Чиколай гъонгӕс ӕй, кенӕ си гъӕунгтӕ сӕрфӕгӕй косуй. Нӕ, аци адӕймаг сӕумӕ раги гъӕуисӕрӕй ӕ кустуат, тӕксити фирмӕ «Успех» - мӕ («Ирӕф» тукани рази) сауӕнгӕ гъӕуисӕрӕй рацӕугӕй, арӕх ӕ бон райдайуй мӕнӕ аци гъуддӕгутӕй – гъӕуи дзӕгъӕлхӕтӕг фонс расор-басор кӕнунӕй, уӕдта адӕм ӕхсӕвӕ сосӕгкай ци баркъитӕ рахӕссунцӕ аллихузон бугъи хӕццӕ, зонгӕй дӕр, тагъд бӕнтти ке нӕ уодзӕнӕй аци гъӕунгбӕл бугъласӕн машийнӕ, уой, уони ӕмбурд кӕнунӕй.
Е цӕстӕй уинунмӕ дӕр хъӕбӕр ӕверхъау хузӕ фӕууй - фонс аллихузон бугъӕ, сауӕнгӕ «памперсти» ӕма хуӕруйнаги, продукти уӕлдӕйдти уӕнгӕ, ниххӕлеу кӕнунцӕ дзӕвгарӕ фӕзуатбӕл, ӕведауцӕ уавӕр исаразгӕй адӕми ӕзмӕлӕни. Иннемӕй ба, мӕ уацхъуди хъайтар Тегати Лидӕ, тӕксити диспетчер, тӕрегъӕди бацӕуй фонсӕн. Уомӕн ӕма, уойбӕрцӕ целлофан баркъитӕ бахуӕргӕй, си беретӕ ервӕзгӕ дӕр нӕбал фӕккӕндзӕнӕнцӕ. Ӕма уӕд райсуй цъилин ӕма бугъгалӕн тӕнзӕрдӕ Лидӕ, ӕма сӕ нимбурд кӕнуй къаропкитӕмӕ, нихгӕнуй сӕ ести уӕззау дзаумӕудтӕй бугъгалӕн машийни рацуди уӕнгӕ.
Кай зонуй ӕма уони ка рахӕссуй, етӕ неци зонӕгау искӕнунцӕ сӕхе Лиди аци куститӕ кӕнгӕй уингæй, ӕма ибӕл сӕ билибуни баходунцӕ. Фал уӕхӕн хуӕрзтог адӕймагӕн ходуни бӕсти цид фӕгъгъӕуй ӕрмӕст устур арфӕ ракӕнун. Ӕма, Лидӕ, дӕ цӕрӕнбон берӕ уӕд, сӕ рахӕсгутӕн ба ходуйнаг фӕууӕд! Е еу, кенӕ дууӕ хатти нӕ фӕууй къуӕрей медӕгӕ, уӕдта сӕ идардӕй дӕр неке ӕрхӕссуй ардӕмӕ. Гъо, еу хатт фӕррӕдуйунæн дӕр хатир кӕнун ӕнгъезуй, фал алли хатт уӕхӕн фудӕнӕни миуӕ кӕнун ба син ходуйнаг фӕууӕд! Уӕдта, кӕд нӕ зонунцӕ бугъӕ ласӕг машийни график, уӕд син ӕй амонӕн – Фадзай-фурти номбӕл гъӕунгӕй бунмӕ, Будтути Мухай номбӕл гъӕунгӕбӕл машийнӕ ӕнӕкъулумпитӕй цӕуй алли сабати дӕр, сӕумӕй рӕфти уӕнгӕ. Мӕнӕй уотӕ кӕдзос ӕфснайд гъӕунгбӕл цӕун ӕма кӕдзос гъӕуи цӕрун зӕрдӕн ӕхцӕуӕндӕр ӕй, ӕма корӕн, ма уотӕ аци хузи уагӕвӕрди ӕгъдауихалӕг уӕ кудфӕндий цӕстингаси фӕрци.
Чихтисти Р.
Хузистити: Тегати Лидӕ тӕксити фирмӕ «Успех»-и фалдзос еске бугъӕ ӕфснайгӕй ӕма адӕми фонс соргӕй.