• Главная
  • Кæстæрты бæрæгбон - "Ирон дæн æз"

Новости

Кæстæрты бæрæгбон - "Ирон дæн æз"

                

                                   Æз та кæсын "Ирон фæндыр" хъазуатæй,

                                     Хæссы мæ хъæлæс музыкæйау уатæй

                                     Ирон ныхас - ирон дзыллæйы кад.

                                     Мæ чысыл Ир, дæ бонæй у дæ бонæй,

                                     Кæй зонынц дæу цæрæнбонты иронæй,

                                     Кæй дын кæны ирон æвзаг лæггад.

     Фыдæй – фыртмæ, фæлтæрæй – фæлтæрмæ ирон лæджы кад æмæ цыт бæрзæндтæм истой: ирон лæг, йæ фæрнджын ныхас, йæ кад, йæ намыс. Хъæубæсты нымад, дзырддзæугæ, зондамонæг, æгъдаухæссæг, бинонты фидауц, хæдзары астæуккаг цæджындз… Ирон лæг цы хъуыддаджы лæуд вæййы, уым у дæсны кусæг, æгъдау æмæ зонды гуырæн, хæларзæрдæ æмæ иузæрдон.

   Стыр цæстдард дарынц ацы хъуыддагмæ Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд "Иудзинад"-ы уæнгтæ. Сæ конкурс - æркаст "Ирон дæн æз" сси традицион, республикæйы царды нымад æрцыд ахсджиаг фæзындыл. Ацы аз дæр та арæзт æрцыд ацы конкурс Æрæфы районы Цыколайы 1-æм скъолайы. Конкурсы архайæг æрыгон лæппутæ царды мидæг нырма фыццаг къахдзæфтæ кæнынц. Бирæ диссаг сгуыхтдзинæдтæ сын нæма бантыст, фæлæ уал абоны фæзминагæй æвдисынц сæхи алы хъуыддаджы дæр – царды, æгъдауы, ахуыры. Архайджытæ ирд ахорæнтæй хъуамæ равдыстаиккой куыд зонынц маддæлон æвзаг, куыд зонынц нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, куыд арæхсынц аивадмæ. Æмæ сæ къухы бафтыдысты ацы хъуыддæгтæ.

     Сæ арæхстдзинад æвдыстой: Цæрикъаты Кермен (Цыколайы 3-æм астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Хосдзауты Мæдинæ), Хохты Марик (Сырх- Дыгуры астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Габеты Зæлинæ), Тургиты Мурат (Советтоны астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Дзабайты Аллæ), Таматы Рамазан (Хæзныдоны астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Дзоблаты Аллæ) æмæ Хоцаонты Сæрмæт (Лескены астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Цохъты Оксанæ).

IMG 20221209 WA0005

     Конкурсы амонæг, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дреты Тамарæ йæ разныхас райдыдта тынг рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ ныхæстæй нæ ирон фарн æмæ æгъдау, нæ традицитæ æмæ нæ аивады тыххæй. Фæбæрæг кодта, тынг æхсызгон кæй у, фæсивæд фылдæр æргом æздахын кæй райдыдтой ирондзинадмæ. Уый фæстæ æхсæнадон змæлд "Иудзинад"-ы уæнгтæн арфæйы ныхæстæ цы стыр куыст кæнынц нæ фарн, не ´гъдæуттæ, нæ традицитæ æмæ не ´взаг бахъахъхъæныны фæдыл, уый тыххæй. Архайджытæм дæр йæхи бахадта тынг рæсугъд разныхасимæ.

        Архайджыты размæ цы хæслæвæрдтæ æвæрд æрцыд, уыдон фæрсæрдыгæй куыд æнцон кастысты, бынтон афтæ нæ уыдысты. Фыццаг хæслæвæрд уыд хæдзармæ куыст. Архайджытæ хъуамæ ныффыстаиккой æмæ бакастаиккой сæ нывæцæнтæ "Ирон дæн æз", зæгъгæ. Алчидæр дзы хъуамæ райхæлдтаид йæ хъуыды, йæхи ирон кæй хоны, уымæй сæрыстыр цæмæй у, куыд æххæст кæны йæ фыдæлты фæдзæхстытæ.

         Конкурсы фыццаг фæлварæн уыдис мыггæгты равзæрд. Тыхджын æмæ фæрнджын мыггаг уидагджын æмæ бирæкъабазджын бæласы хуызæн у. Аллы мыггагæн дæр ис йæхи истори, йæхи ном, йæхи бынат иннæ мыггæгты æхсæн. Йæ мыггаджы равзæрды историйы тыххæй радзырдта конкурсы алы архайæг дæр. Æхсызгон у, алчидæр дзы афтæ хорз кæй зоны йæ мыггаджы равзæрд, уый.    

     Дарддæр лæппутæ бафæлвæрдтой, нæ адæмы удварны æнусон хæзнатæ - ирон бæрæгбæттæ куыд зонынц, уымæй. Алчидæр сæ радзырдта, цы бæрæгбон æм æрхаудта, уый тыххæй. Уыдон нæ адæмы æнусон хæзнатæ сты. Уыдон сты царды скъола, ирдæй дзы зыны нæ адæмы удысконд, сæ фарн, æмæ сæ хъуамæ хъахъхъæнæм цæсты гагуыйау. Фидæны фæлтæртæм сæ раттæм сыгъдæг æмæ æнаиппæй. Уый у æркаст расидæг æхсæнады уæнгты хæсты сæйрагдæртæй иу, æмæ йыл æнæрынцойæ кусынц.

     Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Уæдæ абоны æркасты ерысдзаутæ - сомбоны усгуртæ. Чи цæра, ууыл бинонты хъуыддаг кæныны бон дæр ралæудзæн. Усгуры размæ та бирæ хæстæ æвæрд вæййы, æмæ сæ хъуамæ алы лæппу дæр рагацау зона. Уымæ гæсгæ æртыккаг фæлварæны лæппутæ равдыстой чындзæхсæвы æгъдæуттæ куыд зонынц, уый.

Кæронбæттæны лæппутæ бавдыстой цавæр аивадон миниуджытæй хайджын сты, уый. Сæ дæсныдзинад кафынмæ, зарынмæ, ирон музыкалон инструменттæй цæгъдынмæ, аив дзурынмæ архайджытæ равдыстой конкурсы фæстаг хайы.

     Архайджытæ уыдысты хорз цæттæгонд. Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ кодтой: "Иудзинад"-ы æвзæрст лæг Токты Валодя; ахуырады скъуыхт кусæг, Æрæфы районы адæмон театры архайæг, культурæйы скъуыхт кусæг Аркъауты Джульеттæ; Сечеры культурæйы Хæдзары сæргълæууæг Бырнæцты Анатолий. Жюрийы уæнгтæн æнцон нæ уыди хуыздæрты рартасын. Æркаст - конкурсы къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыццаг бынат бацахста Хохты Марик, дыккаг – Цæрикъаты Кермен, æртыккаг – Тургиты Мурат. Уæлахиздзауты сæ ахуыргæнджытимæ схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæй, æхцайы премитæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Иннæ архайджытæн дæр лæвæрд æрцыд Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Нæ ферох сты амонæг æмæ жюрийы цы сылгоймагтæ бадти, уыдоны дæр. Лæваргонд сын æрцыди дидинджыты бæстытæ.

     Зæрдæмæдзæугæ рауад, бæрæгбоны архайджыты разæнгард кæнынæн цы концерт æвдыст æрцыд, уый дæр. Сæ музыкалон салам балæвар кодтой архайджытæ æмæ уазджытæн: районы культурæйы Галауаны кæстæр доулистты къорд «Ритмы гор», зарæг «Ма тухсæ» - Хæмыцаты Иветæ, «Хонгæ кафт» - Гæдзаонты Карим æмæ Таматы Ангелинæ, æмдзæвгæ æвзаджы тыххæй - Дреты Тамарæ, æмдзæвгæ «Гыццийы монолог» - Дадтеты Салимæ, Цыколайы аивады хæдзары цæгъдджыты къорд, зарæг «Фарн» - Хабелаты Альбинæ.

     Архайджытимæ æрцыди лæмбынæг куыст. Уый бæрæг уыдис, куыд хорз цæттæ уыдысты, уымæй. Уымæ гæсгæ "Иудзинад"-ы уæнгтæ диссаджы рæсугъд арфæтæ ракодтой архайджытæн æмæ сæ ахуыргæнджытæн. Хорз уыдаид, æмæ районы æппæт скъолатæ дæр куы архайдтаиккой.

     Цæмæй бæрæгбон хъæугæ уагыл æххæстгонд æрцæуа, ууыл та зæрдиагæй бацархайдта районы ахуырады управленийы методист Бесолты Алан.

     Ацы конкурс хынцы абоны рæстæджы зæгъинæгтæ, нæ сагъæстæ, нæ риссаг фарстатæ, кæцытæ баст сты нæ ирондзинадимæ, не ´гъдæуттимæ, не ´взагимæ, нæ культурæимæ. "Иудзинад"-ы уæнгтæ сæхимæ райстой ахсджиаг хъуыддаг æмæ йыл архайынц. Фæсивæды разæнгард кæнынц æркасты архайынмæ æмæ сын афтæмæй сæ зæрдæты тауынц фыдæлты æгъдæуттæм уарзондзинад. Уый у стыр арфæйаг хъуыддаг!

                                                                                         Бабочиты Э.