Сувӕллӕнтти цийнӕн кӕрон на ҆дтӕй
Нӕуӕг анзи ӕрбалӕуд кӕд ӕд устур, ӕд минкъий, еугурӕйдӕр, хъӕбӕр рӕсугъд зӕрдиуаг ӕма цийни хӕццӕ фӕххезӕн, куд рагон хуарз ӕма рӕсугъд фӕткӕ, уотӕ, уӕддӕр имӕ уӕлдай цибӕлдӕрӕй ба фенгъӕлмӕ кӕсунцӕ сувӕллӕнттӕ. Ци ма уа уомӕй хуӕздӕр – метин Дада ӕма метин Кизгӕ сӕ лӕвӕрдти хӕццӕ ку фӕззелунцӕ скъолатӕ ӕма рӕвдауӕндӕнттӕбӕл, хӕдзӕрдтӕбӕл, ка хуӕздӕр ӕмдзӕвгӕ радзора, ка хуӕздӕр разара ӕма ракафа нӕуӕг анзи бӕрӕгбони, уобӕл еристи ку бацӕунцӕ сабийтӕ рӕсугъд фӕлгонцгонд нӕзи бӕласи алливарс, рӕсугъд арфитӕ мети рӕсугъд тъӕфилтау арвӕй ӕгъзӕлӕгау ку февулунцӕ Дада ӕма метин Кизги цъухӕй ӕма си, ӕппунфӕстаг алке цийнӕ кӕнгӕй ӕ лӕвӕрдти хӕццӕ, хестӕртӕн растаунмӕ ку ратундзуй хӕдзарӕмӕ.

Алли анз дӕр, куд Нӕуӕг анзи ӕнӕрагӕлдзгӕ ӕгъдау, уотӕ районти, гъӕути ӕма горӕтти администрацитӕ сӕхемӕ райсунцӕ еци устур ихӕс - бӕрӕгбони лӕвӕрдтӕ скъолати райдайӕн кълӕсти ахурдзаутӕбӕл, 1-4 кълӕсти уӕнгӕ, исӕмбӕлун кӕнун, сӕ минкъий зӕрдитӕ син барохс кӕнун аллихузон дзӕбӕх адгийнӕгтӕй. Ӕма си Хуцау исарази уӕд, еци хуарз фӕткӕ, кӕд нӕ царди берӕ хуарз гъуддӕгутӕ иронхгонд ӕрцудӕнцӕ, уӕддӕр ӕрминӕг ӕма фесафун ка нӕ бауагъта, уонӕй.
Фал ма аци хатт ба Чиколай цӕргутӕй беретӕ, уӕдта Чиколай 2-аг астӕугкаг скъолай ахургӕнгутӕ, фӕндзӕймаг къласӕй ӕвдӕймаг кълӕсти уӕнгӕ ахурдзаутӕ, хъӕбӕр арфиагӕй баизадӕнцӕ чиколайаг амалгъон адӕймаг Цӕрикъати Назири фурт Таймурази хъӕппӕресӕй. Сувӕллӕнттӕн, мадта ци ӕнцӕ еци кари сабийтӕ, сӕ цийнӕн кӕрон нӕбал адтӕй! «Куд, махӕн дӕр падаркитӕ?», - фарстонцӕ кӕрӕдзей, ахургӕнгути. Нигки ба ма лӕвӕрдтӕ фӕлдемӕни конд ке нӕ адтӕнцӕ, фал тӕгкӕ хуӕздӕр адгийнӕгтӕй, уой ку фӕууидтонцӕ, уӕд сӕ арфитӕ игъустӕнцӕ асӕ адӕмтау. Хуцау ди исарази уӕд, Таймураз! Зӕгъунмӕ дӕр зин ӕй е, еци бон цӕйбӕрцӕ ӕригон уодти дидингутӕ райхалдтонцӕ дӕ фӕлмӕн зӕрди тунтӕ. Дӕ хуарз баконд гъуддаг ба ӕфсапӕн исагъаз уӕд дӕ ниййерӕг мадӕ Лемӕн е ҆носон дуйнебӕл.
Чиколай 2-аг астӕугкаг скъолай разамунд, ахургӕнгутӕ, ахурдзаутӕ ӕма ниййергути номӕй
Чихтисти Р.