Новости

Мӕхчески дори сосӕгдзийнадӕ

 

Рагон адӕнихӕттити, сӕйрагдӕр ба бердзенти мифологий дорбӕл зилдӕг (дигоронау Сирдони хӕдзарӕмӕ сосӕг фӕндаг) ӕй адзал ӕма исӕнтӕсти нисан. Еци алдӕнбид гъӕуай кӕнуй, уӕлдай ӕрвон тухӕ ци бунӕттӕмӕ хъӕртуй, уонӕмӕ бацӕуӕнтӕ. Еци бунат ӕй дууӕ дуйней ӕхсӕн арӕн, зилдӕг ӕхуӕдӕг ба нимад цӕуй символикон колдуарбӕл.

Гъе уӕхӕн нисанеуӕг адтӕй, Дигоргоми Мӕхчески сӕрмӕ Астанти цӕрӕнуӕтти ихӕлдзӕнти цори ци дор адтӕй, уомӕн дӕр.

Нуртӕккӕ еци дор ӕй нӕ республики Националон музеййи. Мах гъудимӕ гӕсгӕ, гъӕуай кодта бунӕттон цӕргути ӕнӕнездзийнадӕ ӕма ӕдасдзийнадӕ. Раст уой ӕмхалдех дор ма иссирдтонцӕ Крити.

Ауӕхӕн нивӕфтудтитӕ тӕккӕ фиццагидӕр фӕззиндтӕнцӕ дорин ӕноси. Нуртӕккӕ зин зӕгъӕн ӕй, хузгӕнӕг фарсбӕл уӕхӕн хузтӕ ку кодта, уӕд си ци зӕгъуйнаг, кенӕ ци гъуди байвӕруйнаг адтӕй, е, фал бӕрӕг-бӕлвурд ба ӕй еу гъудтаг: абони уӕнгити дӕр ӕ нисанеуӕг кӕронмӕ ӕртӕст нӕма ӕрцудӕй.

Центрбӕл ӕрзилдӕг ӕнцӕ авд тумбул ханхи ӕ фалӕбулай... Се 'хсӕн - ӕмбӕрцӕ ӕмвӕтӕн, уотемӕй ӕвдӕймаг устурдӕр ханхӕй фӕстӕмӕ хурфӕмӕ минкъийдӕргӕнгӕ цӕуй и зилдӕг ӕма фӕстӕмӕ центрмӕ ӕрхъӕртуй. Уой хӕццӕ ба ма кӕрӕдзебӕл некӕми ӕндзӕвунцӕ. Еуварсмӕ рахезӕн си некуцӕй ес, де 'нгулдзӕ ку нӕ фӕууӕгъдӕ кӕнай, уӕд.

Дессӕгтӕ ӕма тӕмӕстӕ нерӕнгӕ ма берӕ ес Дигоргоми зӕнхӕбӕл.

Цакъоти Руслан (Журнал «Ирæф»)

1