• Главная
  • Хæзнати хæзна – маддæлон æвзаг

Новости

Хæзнати хæзна – маддæлон æвзаг

21 февраль – æвзæгти дуйнеон бон

 

Маддæлон æвзаги бонæй устурдæр бæрæгбон нæййес нæ адæмихатмæ. Еунæг адæмихатт дæр уотæ нæ гъæуай кодта æ националон колорит, куд ирон ма дигорон адæм. Мах багъæуай кодтан нæ зæнхæ, нæ религи, не ʼвзаг. Е æй устур нæ, егъау гъуддаг. Ирон – дигорон æвзаг æй гъæздуг, ма æй багъæуай кæнун æй не ʼхæс куд дессаги аййев æма гъæздуг æй, уотемæй. Йе æй нæ рагфиддæлти, нæ ниййерæг фиддæлтæ æма маддæлти æвзаг, ма æй мах гъæуама макæд феронх кæнæн, гъæуай æй кæнæн цæсти гагуйау, косæн ин æ ирæзтбæл. Алли адæймаг дæр гъæуама æхе, æ меддуйне ма æ гъæундзийнадæ иссера æ райгурæн зæнхæбæл, æ националон менталитетти тæваги, культурæ æма адæми астæу рахастдзийнæдти.

   Маддæлон æвзаг æй, фæлтæртæ кæрæдзебæл ка бæттуй, еци хæзна. Ма ибæл гъæуама нæ къæхтæй куд рахуæцæн. Мах, æдæуагæ, гъæуама сæрбæрзонд уæн, историй медæгæ рагондæр æвзæгтæй еуей хæсгутæ ке ан, уомæй, ма æй багъæуай кæнæн фесæфунæй, архайæн ибæл, цæмæй æй нæ идарддæри фæлтæртæн æнæ раййевгæй раттæн. Сувæллон ба фиццагидæр рахæссуй уарзондзийнадæ маддæлон æвзагмæ бийнонтæй. Уомæй рахезгæй ба ибæл архайонцæ еудадзугдæр рæвдауæндæнтти косгутæ æма ахургæнгутæ, цæмæй ма фæкъкъулумпи уа æ ахурадæ, æ зонундзийнадæ.

   Куд фæстæдæр, не´взаг исæфти къахмæ цæуй. Сæйгæн уæлдæф куд нæбал фæффагæ кæнуй, уотæ нин нæбал хъæртуй не ´взаг. Беретæй сæ сæрмæ нæбал хæссунцæ. Уæрæседзаутæ нæмæ исберæй. Кæд Иристонæй рацæугæ зундгонд ахургæндтæ сæ сæрмæ хастонцæ се ´взаг зонун, ма син йе кадæй уæлдай æгади хуасæ нæ фæцæй, некæми сæ бахъор кодта устур ахургæндтæ исунмæ, уæд нури фæсевæд ба сæ къох цæмæ ракъуæрдтонцæ нæ устурдæр хæзнатæй еуебæл – маддæлон æвзагбæл.

    Дигорон æвзаги райрæзтбæл косунцæ нæ финсгутæ, сæ хъауритæ не ´вгъау кæнгæй ин йе вæрæнтæмæ алли бон дæр нæуæг исфæлдистадон хæзнатæ бахæссунбæл. Маддæлон æвзаги тухæй дессаги медесгун æма аййев æмдзæвгитæ ниффинста Цæгат Иристони адæмон поэт, Национ преми «Нарти фæткъу»-й лауреат Бабочити Руслан. Мæнæ си къуар мухур кæнæн.

                                  Сæрустур дæн.

Æнæ уедагæй бæласæ

Хускъæ кæнуй уæлгъæдæй, -

Дигорон æвзаг нæ хуасæ,

Бахезæн æй мæлæтæй!

О, не ʼрæзуй æнæ хорæй,

Нæ и ʼфсерæ, нæ муккаг, -

Ма рагæлдзæ, мæ Дигорæ,

Дæ еунæг хæзна – де ʼвзаг!

Æнæ ʼрттевгæй арв е ʼмбæрцæ

Нæ гъар кæнуй æ фæндон, -

Не ʼвзаг кæдмæ уа нæ хæццæ,

Цæрдзæнæй уæдмæ нæ ном.

Æй хæдзарæ тагъд кæлагæ,

Æдзæрæг ку уа, уазал, -

Æнæ ʼвзагæй нæ дзилагæн

Æрцæудзæнæй æ й ʼадзал.

Нæ фиддæлтæн – номдзуд Астæн

Дигорон адтæй се ʼвзаг, -

Бауарзæн æй содзгæ уарзтæй,

Фæккæнæн æй цæрæццаг!

Донуайæнтæ æнæ уаргæй

Нæ фæккæнунцæ зæлланг, -

Ку дин бакæнæн иуаргæ,

Уæд фесафдзинан не ʼвзаг.

Хæстæгдæр æй ʼхе хæдонæ,

Адгиндæр æй ʼхе къæбæр, -

Ес æвзагмæ маддæлонæн

Мах нæ райсдзинан æндæр!

Къахт фæстæмæ, æнæ дауæй,

Нæбал фæккæнуй идзаг, -

Æнæ ʼвзагæй, æнæ гъдауæй

Фæууодзинан аллайаг.

Сæрустур дæн æнæуæгтæ,

Цæмæ гæсгæ, уой зæгъон:

Дигорон дæн мæхуæдæг дæр,

Æй ме ʼвзаг дæр дигорон!

                                     Дигорон æвзаг.

Дигорон æвзаг – мæ зæрдæ,

Дигорон æвзаг – мæ уод,

Ду и ʼвзæгтæн сæ хуæздæр дæ,

Мæ цард фæууа дæ нивонд!

Дигорон æвзаг – ме ʼфсарæ,

Дигорон æвзаг – ме ʼгъдау,

Мæ намус æма ме ʼхсарæ,

Дæ гъæуайгæнæг – Хуцау!

Дигорон æвзаг – мæ кадæ,

Дигорон æвзаг – мæ ном,

Царди нивæ, царди радæ,

Мæ катай æма æнцон!

Дигорон æвзаг – мæ ауæ,

Дигорон æвзаг – мæ нифс,

Мурæ дæр ди ма рахауа,

Уотæ раззиннай æхсист!

Дигорон æвзаг – мæ зæнхæ,

Дигорон æвзаг – мæ арв,

Мæ къæбæр æма мæ цæнхæ,

Ду - мæ муд æма мæ царв!

Дигорон æвзаг – мæ хъуатæ,

Мæ ирисхъæ, мæ хæзна,

О, кæнис мин хецæн адæ,

Макæд фестæ замана!

Дигорон æвзаг – мæ харæ,

Дигорон æвзаг – мæ тог,

Уо æности дæхе барæ,

Дзæм – дзæми донау, рæсог!

Дигорон æвзаг – мæ æрдзæ,

Мæ райдзаст сæумæ, ме ʼзæр,

Бауарзæд дæ æнæбæрцæ,

Ка дæ нæ уарзуй, е дæр!

Дигорон æвзаг – мæ тагæ,

Мæ игакæ, мæ никъæт,

Ма ниссор уæд дæ уедагæ,

Макæд фесæфæд дæ фæд!

Дигорон æвзаг, ме ʼстæг дæ,

Мæхеуон дæ, мæхеуон,

Фæккæнæнтæ, фæ, де ʼзнæгтæ

Сæ гъуддæгтæбæл фæсмон!

Дигорон æвзаг – æвдадзæ,

Цæй, азæлæ ʼма нæрæ!

Уорс дадалитæ рауадзæ,

Дордоцæнтæмæ цæрæ!

                           10 май 2021 анз

                                     Чикола

   Æвзаг æй адæми истори. Æвзаг æй цивилизаци æма культури фæндаг. Æвзаги мæлæт æй адæмихатти мæлæт – уой гъæуама лæдæра алкедæр. Нæййес æвзаг – нæййес адæмихатт. Фæдес гъæр кæнун афонæ æрцудæй: Багъæуай кæнæн не ʼвзаг! Фиццагидæр хæдзари, бийнонти медæгæ.

                                                                   Бабочити Э.