Нӕ арфӕ ӕнӕкӕрон ӕй
Ӕнхусадӕ
Уӕ бонтӕ хуарз, нӕ уарзон газет «Ирӕф» - и редакций косгутӕ ӕма хуарз хабӕрттӕ игъосун кӕнтӕ уӕ кӕсгутӕн! Фарнӕ уӕмӕ бадзорӕд, не ’мгъӕуггӕгтӕ, нӕ дзӕбӕх гъӕу, ӕнхуси къох кӕрӕдземӕ дарагӕ Хӕзнидони цӕргутӕ! Абони мах, нӕ кадгин гъӕуи ци рӕвдауӕндонӕ ес, нӕ фӕсевӕд рӕсугъд цардмӕ фиццагидӕр раст гъомбӕладӕ кӕми райсунцӕ, уой косгути фӕндуй «Ирӕф»-и фӕрци зӕрдиуагон арфитӕ ракӕнун фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма рӕдаукъох адӕмтӕн, кӕцитӕн кудфӕндуй некӕд ӕй се ’мгъӕуггӕгти цард, сӕ тухст ӕма сӕ цийнӕ. Ӕма раст дӕр нӕ уодзинан, хуарзӕй хуарз ку нӕ зӕгъӕн, хуӕрзгӕнӕги ном ку нӕ зӕгъӕн, уӕд.

Ӕрмӕст райони цӕргутӕ нӕ, фал мӕ идарддӕрти дӕр зонунцӕ Хӕзнидони гъӕуӕй ци берӕ зундгонд адӕмтӕ рацудӕй, етӕ ци берӕ ӕнхустӕ равардтонцӕ, уӕдта ма дӕдтунцӕ нур дӕр, се ’мгъӕуггӕгти цард цӕмӕй рӕсугъддӕр ӕма ӕнцондӕр уа, уой туххӕй.Е, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, устур мулк ӕй махӕн, фал сӕрмагонд темӕ ӕй ӕма ибӕл финст дӕр минкъий нӕ цӕуй. Сӕ цӕрӕнбонтӕ нин берӕ уӕнтӕ сӕ еугуремӕн дӕр. Фал нӕ аци бон ба раарфӕ кӕнун фӕндуй Дамбегти Риммӕн, еудадзуг нӕмӕ ӕ фарс ке бадаруй, уой туххӕй.
Мӕнӕ бабӕй нур дӕр Римми фӕрци нӕ рӕвдауӕндони конд ӕрцудӕй нӕуӕг хуӕруйнагкӕнӕн бӕстихай – къухни. Риммӕ ку базудта, нӕ хуӕруйнаггӕнгутӕ ӕртӕ анзей дӕргъи ци уазалти, ци уарунти сувӕллӕнттӕн хуӕруйнаг хӕссунцӕ зӕронд азгъунстӕй, уой, уӕд нӕмӕ радзурдта ӕма нӕ бафарста нӕуӕг хуӕрӕндонӕ искӕнунмӕ уӕ ци багъӕудзӕнӕй, зӕгъгӕ. Хуцау ин берӕ хуӕрзтӕ исагкаг кӕнӕд! Абони ӕ фӕрци косӕн хъӕбӕр дзӕбӕх райдзаст ӕма косун ӕнцон кӕми ӕй ӕ уавӕртӕмӕ гӕсгӕ, уӕхӕн хуӕрӕндони.
Риммӕ, дӕ цӕрӕнбонтӕ берӕ уӕнтӕ! Адӕмӕн хуарздзийнадӕй ке кӕнис, етӕ ба дӕмӕ сӕдӕ хатти фулдӕрӕй ӕздӕхӕнтӕ. Ӕнӕнезӕй хуӕздӕр неци ес царди медӕгӕ ӕма дин корӕн Хуцауӕй – дӕ къахи них дӕр макӕд исресӕд ӕма зӕрдӕрохс уо алкӕддӕр.
Ӕма ма нӕ арфи дзурдтӕ нигкидӕр зӕгъун фӕндуй Хъамболти Дзамболат ӕма Чегемти Олегӕн, етӕ дӕр се ’нхуси хай ке бахастонцӕ ами кустити, уой туххӕй. Олег электрикки кустӕй цидӕр адтӕй, уони цӕстуарзонӕй бакодта. Хуцау син федар ӕнӕнездзийнадӕ ӕма фулдӕр хъаурӕ радтӕд. Радтаги къох, дан, райсагӕ ӕй ӕма уӕбӕл уе ’нхусадӕ авди берекеттӕй бафтуйӕд!
Ӕрмӕг Хӕзнидони гъӕуи рӕвдауӕндони
косгути номӕй мухурмӕ бацӕттӕ кодта
Чихтисти Риммӕ