Сæ архайд цурд æма хуæрзгъæдæ
Фæлгонцадæ
Сæрдæн æ райдайæнæй дæр арæх кæд æнцæ тæркъкъæвдатæ, хатгай уарундæндтæ райвулунцæ къанæудтæй, уæддæр Алагири кустуат ООО «СтройПрогресс» - æн Ирæфи райони ци хаййадæ ес (æ сæргълæууæг Кертанти Олег), уоми ба гъæутæ æма сæмæ ци автомобилон нæдтæ цæуй, уони фæлгонцадæ хуæздæр кæнунбæл куст æгириддæр не ´нцайуй.

Ке зæгъун æй гъæуй, хорхæтæни рæстæг æма арæх уарунтæ кæрдæгæн дæр дæдтунцæ фадуат цурд ирæзунæн, уомæ гæсгæ ба аци бæнтти участокки иуæнгтæ Гульчети Тасо, Гобати Ромик, Гокъоти Маирбек, Малхъарти Батраз, æдеугурæй ба аст адæймаги, архайунцæ, Чиколай устурдæр гъæунгти ци газонтæ конд æрцудæй æрæгити, уони кæрдæг исрæсугъд кæнунбæл. Кæд хъæбæр зин æй тæвди тъанги, уæлдæфи тæвди бæрæггæнæн 30 градусемæй ку рахезуй, уæд техники хæццæ архайун, æдасдзийнади уагæвæрдтæ не ʹхалгæй ба ма сæрмагонд форми косун, уæддæр аци кустуарзон адæмæн ба бонæрдæги бантæсуй дзæвгарæ фæзуæттæ банивæбæл кæнун.
Чихтисти Р.
Хузисти: Алагири райони ООО «СтройПрогресси» Ирæфи райони участокки иуæнгтæ сæ кусти сæргъи.