Салдати дзурд Отарати Керим, 1962 анз.
Раст цума сау хъуӕцӕн ӕ хевастӕй
Зин уалдзӕги, хе уагӕй,
Цума сувӕллон фӕййервазтӕй,-
Зӕнхи къоре байстан хелагӕй.
Бауӕр ба ӕхст цӕфтӕй нинносон ӕй,
Асдзӕгъдуй, медӕхсӕвтӕ, додуй.
Ӕ рист евгъуд, тузмӕг ӕносонӕй
Салдатӕн ӕ тухст бауӕр содзуй.
Медӕхсӕвӕ арӕх фӕссонт уогӕй,
Нӕ нӕ уадзгӕй фуд фунтӕ ӕнцад.
Мах зӕнхӕ фӕгъгъӕстан нӕ сау тогӕй,
Дуйнебӕл цӕмӕй уа сабур цард.
Фӕффӕндуй нӕ хъӕбӕр уомӕ гӕсгӕ,
Цӕмӕй ӕрттева сӕуӕртӕх.
Цӕмӕй, заргӕй сауцъеу бӕрзгун мӕскъӕй,
Барохс уа лӕги зӕрдӕ дзӕбӕх.
Хӕссӕн нӕ дзурдӕн ӕ тузмӕги
Нӕ байсӕвд тугъдонти цӕсгон.
Ес уоми ӕвӕрд хумӕтӕги
Уоститӕ, мадтӕлти фӕндон.
Хӕссуй уой ӕ хӕццӕ федӕнмӕ
Фӕстугъд рагъонбӕлгонд фӕлтӕр.
Уоми исигъусуй ӕстӕнмӕ
Рагуалдзӕг цъӕх тауи сос гъӕр!
Дӕлзӕнхӕ фӕууӕнтӕ ӕд рестӕ,
Тогмондӕгти ном - иронхуат.
Тугъдмӕ ка фӕсседуй-оркестрӕн
Мабӕл уӕд нӕ царди бунат.