ХЕД НÆ РАРГЪАВТОНЦÆ
«...1942 анзи фæззæги бæнттæй сæ еуеми нæ гъæумæ Лескенæрдигæй исхъæрттæнцæ немуци æфсæдтæ. Уоци бонæй фæстæмæ нæ синхи цæргутæ кæстæрæй-хестæрæй сæ рæстæг æрвистонцæ Бязæрти Голæга æма Бязæрти Санай хæдзæртти уæрмити. Мах бийнонтæ дæр - нæ мадæ Оля, æз æма ме ʹнсувæртæ нæхе римахстан Голæгаетæмæ. Дзæгъæл рацо-бацо гъæунгти неке кодта, тарстан æгасæй дæр.
Фал æз уæддæр - æхсæзанздзуд биццеу - сосæггай рацæуинæ тургъæмæ, цума, зæгъун, ци хабæрттæ ес æндегæй. Æма еу бон фæууидтон - дууæ немуцаг машини, сæ фæрстæ устур гуфитæ, уотемæй базилдæнцæ нæ синхаг Будайти Ибрагими (Бирихини) дзæхæрамæ. Уой фæсте, куд дзурдтонцæ, уотемæй гуффити хурфи адтæнцæ минитæ æхсæнтæ, «Ванюша» сæ худтонцæ.
Минкъий фæстæдæр ба гъæуи сæрмæ фæззиндтæй хуæдтæхæг - сгарæг «Рама». Е раевгъудæй Дигори комæрдæмæ. Ци ма рацудæй, уæдта дин Бирихинети дзæхæрайæй райгъустæй уæхæн хъиррист æма скъот, ʹма силгоймæгтæ, уæд¬та минкъий сувæллæнттæ устур таси бацудæнцæ, уæрми къумти сæхе римахстонцæ.
Куд рабæрæг æй, уотемæй сæ нисан, Коми думæги Дидийнати æрдозæмæ базелæни Ирæфи сæрти хед адтæй. Æвæдзи, уобæлти гъавтонцæ бабурсунмæ медкоммæ Уазай хонхи бунти, фал хед нæ раргъавтонцæ, нæ син бантæстæй æ фехалун. Гæнæнтæ ба син адтæй, уоци фалдзостæ ка фæцæй, етæ дзурдтонцæ, минитæ, дан, хедмæ хъæбæр хæстæг æрхауиуонцæ, фал ибæл еу дæр не ʹсуадæй.
Аци хабар мин цалдæр анзей размæ ракодта Толдзгуни гъæуккаг Бязæрти Данел, æгас нæбал æй, рохсаг уæд. Минкъий биццеу ма адтæй уæд, фал сувæллон неци иронх кæнуй.
ХÆМИЦАТИ Морис