Ирæфи район тугъди рæстæги
Фидибæсти Устур тугъди рæстæги Ирæфи райони цæргутæ хъазауатонæй архайдтонцæ фудæзнаги нихмæ. Нæ бæстæбæл уæззау рæстæг ку никкодта, уæд адæм æрлæудтæнцæ тæккæ зиндæр фæлварæни размæ – гъудæй царди аргъæй багъæуай кæнун гитлерон мæлæтхæссæг тухтæй Райгурæн бæстæ, равдесун устур хъаурæ æма нифс лæгæй-лæгмæ тохи. Фæстæдæр ба еци æверхъау цаутæ историй ниффедар кæнунæн æма зæрдæбæл дарунæн исаразтонцæ берæ мадзæлттæ.
Тугъди архайгутæ.
Фидибæсти Устур тугъди будурмæ Ирæфи районæй рандæй фондз мин адæймагемæй фулдæр. Сахъ игурд лæппотæ æма сæрæн кизгуттæ сæхе æвдистонцæ æцæг бæгъатæрæй. Уомæн æвдесæн æй йе, ма си сæдæгæйттæ бæрæггонд æрцудæнцæ тугъдон майдантæ æма ордентæй. Сæ еу – Махъоти Алихан Амурхани фурт, кæцимæн лæвæрд æрцудæй Советтон Цæдеси Бæгъатæри ном.
Циртдзæвæнтæ æма мемориалтæ.
Ирæфи райони игонгонд æрцудæй цалдæр циртдзæвæни æма мемориалон комплекси Фидибæсти Устур тугъди архайгутæн:
Кади Аллея Чиколай гъæуи. Арæзт æрцудæй бунæттон бюджети фæрæзнити фæрци. Æвæрд си æрцудæй тугъдон бæгъатæрти бюститæ, кæцити астæу æнцæ Советтон Цæдеси Бæгъатæр Махъоти Алихан, Кади ордени æнхæст кавалертæ Калати Семен, Иосиф Юрченко æма Едзати Æхсарбек.
Фидибæсти Устур тугъди 1941 – 1945 æнзти сæ цард ка равардта ма тугъди будури ка байзадæй, еци æмгъæуккæгтæн Мемориалон комплекс. Арæзт æй Чиколай гъæуи астæу.
Циртдзæвæн Гасанти дууæ æдзард æнсувæремæн Ханафи ма Омарбийæн, кæцити цъам мар немуцаг лæгмартæ фехстонцæ 1942 анзи. Æвæрд æрцудæй Чиколай раздæри астанзон скъолай тургъи.
Стела Ирæфи район немуцаг фашистон лæборгутæй исуæгъдæ кæнуни кадæн. Цитгин уавæри игонгонд æрцудæй 1985 анзи Хæзнидони гъæуи бæрæг астæу бунати Уæлахези 40 анзи бæрæг кæнуни бонмæ.
Циртдзæвæн 142 Хæзнидони гъæуи цæрæг маддæлтæн, кæцитæн тугъди будурæй нæбал исæздахтæнцæ сæ æдзард фурттæ. Скульптурæ арæзт æй æрмæст Хæзнидони маддæлтæн нæ, фал æгас советтон маддæлтæн, кæцити даргутæ байзадæнцæ æностæмæ итигъд будурти.
Иннæ аспекттæ
Тугъди рæстæги Ирæфи райони цудæй æндæр архайдтитæ æма гъуддæгтæ дæр. Зæгъæн, 1943 анзи арæзт æрцудæй райони къамис, кæций иуæнгтæ слест кодтонцæ, агурдтонцæ немуцаг оккупанттæ Толдзгуни гъæуи ци фудмиути фæккодтонцæ, уони фæдтæ.
Тугъди фæсте Ирæфи райони арæзт цудæй къуæрдтæ, кæцитæ кæдзос кодтонцæ гъæутæ æма будуртæ тохæндзаума æма рæмодзæнтæй. Æфсæддон саперти хæццæ æмвæрстæ æрлæудтæнцæ ма сæ пайда хастонцæ еци агъазиау кусти бунæттон астæуккаг скъолай хестæр кълæсти ахурдзаутæ дæр.
Абони Ирæфи муниципалон райони устур цæстæдард цæуй зæрдæбæл дарæн бунæттæ, мемориалон æма æфсæддон ингæнтæ хуарз фадуати дарунбæл.
æрмæг бацæттæ кодта Бабочити Этери.