15 май - ирон ӕвзаг ӕма литературы бӕрӕгбон
"Маддӕлон ӕвзаг ӕй адӕй- маги уодигъӕди деденӕг, ӕ хъаури цӕгиндзӕ, фӕлтӕрти хсӕн федар хед".
К. К. Ушинский
Аци дуйнебӕл ес ӕртӕ ми- немӕ хӕстӕг ӕвзаги. Уони ӕх- сӕн тӕккӕ устурдӕр ӕвзӕгти къуармӕ хаст цӕуй индоевро- пейаг, кӕци дех кӕнуй цалдӕр къуаребӕл. Сӕ еу ӕй ирайнаг. Нӕ цитгин фиддӕлтӕ - скифтӕ, сарматтӕ, алантӕ се 'взаг ра- хастонцӕ ирайнаг адӕмӕй. Берӕ ӕвзаргӕ рауадӕй нӕ фиддӕлтӕн, цӕмӕй се 'взаг багъӕуай кодтайонцӕ ӕма ӕй рӕсугъдӕй рахастайонцӕ ӕности сӕргъти. Ӕма нин нӕ маддӕлон ӕвзаг ниууагътонцӕ хуӕздӕр хӕзнатӕй еуемӕн.
1899 анзи 15 маййи мухури рацудӕй нӕ уарзон поэт Хетӕг- кати Къостай ӕнӕмӕлгӕ киу- нугӕ "Ирон фӕндыр". Сӕдӕ анзей фӕсте ба, 1999 анзи, нӕ республики президент Дзасохти Александр рауагъта указ, 15 май куд исуа ирон ӕвзаг ӕма лите- ратури бӕрӕгбон.
Нӕййес баййевӕн цӕсгомӕн кедӕр цӕсгомӕй, уӕд дӕ- хуӕдӕг нӕбал уодзӕнӕ. Цӕмӕй дӕ цӕсгом баййевай, дӕ адӕмӕй рартӕсай, дӕхе
сӕмӕ мабал бандеуай равде- сун, уомӕй ести цъумур, лӕ- гъуз гъуддаг бакӕнун гъӕуй. Ма ма уӕд йе цард ӕй? Еци адӕймагӕн ма ӕ цард ци адӕ кӕндзӕй?.. Мадта куд нӕйй- ес баййевӕн цӕсгомӕн, уотӕ нӕййес баййевӕн маддӕлон ӕвзагӕн дӕр.
Цард рӕсугъд уӕд ӕй, ӕма бӕдолӕ ку игъоса ӕ мади фӕлмӕн гъӕлӕс маддӕлон ӕвзагбӕл. Адӕймаг амондгун уӕд ӕй, ку базона аргъ кӕнун ӕ рагфиддӕлтӕн, ӕхецӕн, ӕ фиди зӕнхӕн, ӕ маддӕлон ӕвзагӕн, гъеуӕд ӕхседдзӕй ӕ тогдадзинтти алкӕддӕр ирон - дигорон тог.
Ӕ райгурӕн бӕстӕ ка уарзуй, ирон - дигорон тог кӕмӕн фицуй ӕ реуи, йе нӕ феронх кӕндзӕй йе 'взаг. Цард бӕллеццаг уӕд ӕй, кадӕ дин ку кӕнонцӕ, ци адӕми ӕхсӕн цӕрис етӕ, фалӕ кади аккаг ба уодзӕнӕ уӕд, ӕма ку зонай, ку уарзай дӕ маддӕлон ӕвзаг.
Ирон - дигорон ӕвзагбӕл цӕргӕбонти финстонцӕ ӕма финссӕнцӕ сӕ зӕрди ӕнкъ- арӕнтӕ нӕ финсгутӕ ӕма поэттӕ. Сӕ дессаги исфӕл- дистади рӕсугъддӕр рӕнгъ- итӕ финст ӕрцудӕнцӕ ӕма
цӕунцӕ маддӕлон ӕвзагбӕл.
Мӕнӕ куд сагъӕс кӕнуй маддӕлон ӕвзаги тухӕй Цӕ- гат Иристони адӕмон поэт, публицист, литературон куст- гӕнӕг, Уӕрӕсей Федераций финсгути цӕдеси иуонг, Цӕ- гат Иристони культури скъ- ухт косӕг, Националон преми
«Нарти фӕткъу»-й лауреат Бабочити Руслан: "Маддӕлон ӕвзаг - нӕ хӕзна, нӕ адӕми уоди фарнӕ. Нӕ абони ӕма нӕ исон, нӕ национ цӕсгом, не 'гъдау ӕма не 'фсарӕ... Адӕ- михаттӕн мӕлӕн нӕййес, йе цалинмӕ уодӕгас уа, уӕдмӕ. Маддӕлон ӕвзаг - нӕ сӕйраг игакӕ, нӕ ирддӕр бӕрӕг- гӕнӕн. Нӕ ин ес нӕ ӕргъу-
дигӕнӕн, нӕ исаразӕн, нӕ баййевӕн. Е ӕй Еунӕг Хуцауи устур лӕвар. Дуйнесфӕлдесӕ- гӕн ӕ цитгин киунугутӕй еуе- ми хумӕтӕги нӕййес уӕхӕн амунд, фиццагидӕр, дан, ад- тӕй Дзурд, иннӕ гъуддӕгутӕ ба уой фӕсте фӕззиндтӕнцӕ, зӕгъгӕ.
Маддӕлон ӕвзаг - нӕ еумӕ бӕттӕг, нӕ еугӕнӕг, нӕ национ тергадикӕнунади астӕумагъз, нӕ зӕрдихатт ӕма нӕ уодис- конд. Уой фӕрци хецӕн кӕнӕн иннӕ адӕмтӕй, уой бундорбӕл арӕзт цӕуй нӕ дигорон ӕма нӕ ирон аййев литературӕ, уой фӕрци нӕмӕ ӕрхъӕрдтӕнцӕ недзамантӕй Нарти кадӕнгитӕ ӕма дзоргӕ исфӕлдистади иннӕ хузтӕ, уой фӕрӕзнитӕй архайунцӕ нӕ ирон ӕма нӕ дигорон театртӕ.
Дуйнебӕл еунӕг адӕми- хатт дӕр йе 'взаг маддӕлон нӕ хонуй, уома "материнский", зӕгъгӕ. Уӕхӕн цитгин ӕма хъазар ном ин исаккаг кодтон- цӕ ӕрмӕстдӕр мах намусгин рагон фиддӕлтӕ. Дзурд "мад- дӕлон"-и бундори "мадӕ" кей- йес, йе беребӕл дзорӕг ӕй. Фиццагидӕр, скифтӕ, сармат- тӕ, алантӕ ӕма астӕ се 'вза- гӕн мади аргъ ке кодтонцӕ,
уобӕл. "Де 'взаг дӕ кӕд нӕ гъӕуй, уӕд дӕ дӕ ниййерӕг мадӕ дӕр нӕ гъӕуй", - уӕхӕн зундирахаст адтӕй нӕ номд- зуд фиддӕлтӕмӕ. Уӕхӕн аргъ кӕнун гъӕуй мах дӕр нӕ алӕмӕти гъӕздуг ӕма айй- ев ӕвзагӕн, кӕд нӕ ирӕнттӕ ӕма дигорӕнттӕй байзайун фӕндуй аци дуйнебӕл, уӕд нин ӕндӕр мадзал нӕййес".
Ирон ӕвзаг ӕма культури ирӕзтбӕл устур куст бакодтон- цӕ сӕ рӕстӕги академиктӕ ӕма устур ахургӕндтӕ: Андрей Шегрен, Всеволод Миллер, Жорж Дюмезиль, Абайти Васо. Нӕ абони царди ба, гъулӕггагӕн, сагъ- ӕссаг ӕй нӕ ӕвзаги федӕн. Фал ӕй цалдӕнгӕмӕ уарзӕн, сагъӕс кӕнун ибӕл фӕразӕн, нӕ гъудитӕ ибӕл дзорӕн, ца- линмӕ нӕ сувӕллӕнттӕ дзо- ронцӕ сӕ маддӕлон ӕвзагбӕл, уӕдмӕ ин тӕссаг нӕй фесӕ- фунӕй. Ма уой туххӕй ба мах, ахургӕнгутӕ, ниййергутӕ, мухури косгутӕ, ветеранти Советти ӕма "Стур Нихас"-и иуӕнгтӕ, Иристони цӕргутӕй ӕхе ирон - дигорон ка хонуй, етӕ еумӕй- агӕй гъӕуама архайӕн, цӕмӕй не 'взаг уа рӕсугъд, рӕсог ӕма аййев.
БАБОЧИТИ Э.