Финсуй газеткӕсӕг
Чиколай гъӕуи бундойрон цӕрӕг дӕн. Ме ҆нзти фулдӕр рӕстӕг кӕд бахуардтон, уӕддӕр мӕ гъос ба дарагӕ дӕн нӕ цардиуаги домӕнтӕ ӕма уагӕвӕрдтӕмӕ. Е уӕмӕ, нӕ уарзон газет «Ирӕф» - и косгутӕ, ӕма кӕсгутӕ дӕр, дессаг ма фӕккӕсӕд. Советтон доги райгургутӕ ӕма си исирӕзгутӕй, ӕ берӕ аллихузон уагӕвӕрдтӕбӕл ин дӕсгай ӕма дӕсгай ӕзтӕ фӕццӕргутӕй нур дӕр не ҆ронх кӕнунцӕ еци рӕстӕгутӕ, адӕймагӕн ӕхсӕнади медӕгӕ цард рӕсугъд ӕма ӕвӕсмонӕй бацӕрунмӕ берӕ федар уагӕвӕрдтӕ нисангонд ку ӕрцӕуидӕ, се ҆нхӕст кӕнун ба алкедӕр ӕхецӕн ку нимадта устур ихӕсбӕл. Фал, нур адӕймаг деси бацӕуй еуӕй-еу гъуддӕгутӕмӕ кӕсгӕй – берӕ адӕм «….мӕнӕн хуарз уӕд, иннетӕ ба кудфӕндий дӕр фӕууӕнтӕ», зӕгъгӕ, уӕхӕн зундрахасти хӕццӕ цӕрун ку райдӕдтонцӕ. Уомӕн ес ӕрхӕссӕн берӕ ӕвдесӕндартӕ дӕр нӕ абони цардӕй. Адӕймаг уони, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еугурей нӕ фӕннимайдзӕнӕй, фал, мӕнӕ, нӕ цӕстити буни абони ци берӕ исраст кӕнуйнаг гъуддӕгутӕ ес, нӕ бон дӕр ке ӕй бакӕнун, фал уонӕмӕ кудфӕндий цӕстӕй ке кӕсӕн, уони ба нӕ зӕгъун мӕ бон нӕй.
Рагӕй мӕ фӕндадтӕй мӕ зӕрди уайтӕ мӕ уарзон газет, бухст дӕр кӕбӕл нӕ фаразун, мухури райдӕди фиццагидӕр ке рафинсун, еци «Ирӕф»-и фӕрци адӕми тӕрхонмӕ рахӕссун. Ескетӕ, ӕвӕдзи, зӕгъдзӕнӕнцӕ, дӕ сӕр цӕбӕл ресун кӕнис, зӕгъгӕ, фал, гъӕуагӕдзийнадӕмӕ амонун гъӕуй, цӕмӕй ӕй уӕлдай хатт кедӕрти зӕрди ӕрӕфтауӕн ӕма ибӕл куст дӕр ӕрцӕуа.
Райсдзинан, тӕгкӕ хумӕтӕгдӕр гъуддаг – Чиколай гъӕуи нур дӕсгай ӕнзти медӕгӕ ӕ цӕргути фонсӕн гъонгӕстӕ ке нӕбал ес, уой. Еу анзæй иннемӕ бангъӕлмӕ кӕсӕн, кӕд аци ресгӕ фарста лухгонд ӕрцæуидӕ, зӕгъгӕ. Фал бал абони уӕнгӕ, гъулӕггагӕн, не ҆нгъӕлдзауи агкаг аци фарстай некема иссӕй.
Гъӕуи медӕгӕ дзӕгъӕл хӕтӕг фонс ци зӕрантӕ хӕссунцӕ, уой ни ӕнӕуингӕ неке ӕй. Бахсинунцӕ, гъӕунгти рӕсугъдӕн ци нӕзи бӕлӕстӕ арӕзт ӕрцӕуй, уони. Ӕхсӕнадон уолӕфӕн бунӕтти, организацитӕ ӕма учрежденити фалдзости сӕ фагусӕй еуӕй-еу хатт къах ниввӕрӕн нӕбал фӕууй. Тротуартӕбӕл нӕбал фӕууй ӕдзӕсхезӕй рацӕуӕн. Дессаг ба ма е ӕй, ӕма, уӕхӕн фонси хецауӕн аййепп искӕнун дӕр неке бон фӕууй. Ку дин зӕгъа, «гъонгӕс нӕййес, фонс дарун ба мӕ гъӕуй мӕ бийнонтӕ хӕссунмӕ. Фӕттӕрун ӕй будурмӕ, идарддӕр ӕ сӕргъи лӕуунмӕ ба мин рӕстӕг нӕййес…», уӕд ин ци ӕй адӕймаги бон?
Цӕбӕл ӕй мӕ дзубанди? Алли хатт дӕр гъӕуи нӕуӕг хецау райархаиуй гъонгӕстӕ иссерунбӕл. Мӕнæ куд берæ рауæнти, уотӕ – сӕумӕ дӕ фонс ратардтай, гъонгӕси разӕй ӕй бакодтай, изӕрӕй бабӕй ӕй гъонгӕсӕй райстай ӕма ӕй де ﹸскъӕти бафснайдтай. Гъе, фал… Гъуддагӕн исраст кӕнӕн нӕбал ес. Ӕвӕдзи, уомæ гæсгæ дæр, æма гъонхезнитæ ке нæбал ес, æнзти размæ иурст æрцудæнцæ… Е мӕ нӕхъӕртон, ӕви нӕ царди гъӕндзийнади фарстайӕн (ӕви ӕй нӕхъӕртондзийнадӕ исхонон) ӕ еу фарс ӕй.
Мӕ уацхъуди иннӕ фарста ба е ӕй ӕма ма не ҆хсӕн ке ес уӕхӕн адӕмтӕ дӕр, ӕнӕфсӕрмӕй гъӕуи административон ӕгъдауихалгутӕ ке ӕнгъезуй исхонун. Е, ӕхсӕвӕй-бонӕй сӕ фонс медӕмӕ ка нӕ кӕнуй, етӕ ӕнцӕ. Бонӕй ма адӕймаг ӕ разӕй соргӕ дӕр ракӕндзӕнӕй ставд фонс, ӕ дзӕхӕрати фалдзостӕмӕ дӕр цид ракӕсдзӕнӕй, фал нӕбӕл ци мӕгурбон ес еске фонсӕн ӕхсӕвӕ-бонмӕ гъонгӕстӕй хӕтунмӕ? Берӕ адӕмӕн аци фарста дӕр ӕй гъезӕмайраг. Фонс син сӕ уӕззау хъиамӕттӕ, уалдзӕгӕндӕргъци сӕ сау хед кӕбӕл фӕккалунцӕ, алцӕй хъазари мӕ кӕд ӕлхӕнун неци багъӕуидӕ, зӕгъгӕ, кӕбӕл фӕккосуй, уони син, сеткитӕ ӕма ӕхгӕдтитӕ батонгӕй, нимпурсунцӕ. Мадта, дуӕрдти размӕ ци цъумурдзийнӕдтӕ исӕвзурун кӕнунцӕ ӕнӕбакӕнӕг фонс, уонӕбӕл ба дзоргӕ дӕр ма кӕнӕ. Гъӕунгӕрдӕмӕ дӕ къӕразгӕ, е дуар нӕ райгон кӕндзӕнӕ. Ӕхсӕвӕ-бонмӕ си ӕдзӕсгон адӕмти фонс ку фӕддонихулуй ӕма цъумур кӕнунцӕ, уӕд се ʹсмагӕй гъӕунгбӕл рацӕуӕн нӕбал фӕууй. Аци гъуддагӕн дӕр нихкъуӕрд раттун ӕппун неке бон ӕй, ӕви адӕми ресун кӕнӕг фарстатӕ некебал деси ӕфтаунцӕ? Барадон оргӕнти косгутӕй дӕр хъӕбӕр беретӕ зонунцӕ аци уавӕр, фал ӕхемӕ еци гъуддаг исраст кӕнуни ихӕс неке есуй. Цума кӕдмӕ бухсун ӕнгъезуй уӕхӕн уавӕрӕн ба?
Нӕ зонун, мӕ уац, адӕми хъӕбӕр зини ӕфтауӕг фарстати хӕццӕ, газетти мухургонд ӕрцӕудзӕнӕй ӕви нӕ, фал мӕ фӕндуй аци гъуддаги фӕдбӕл дзуаппон адӕмтӕмӕ мӕхе бахатун. Фарста ӕнӕмӕнгӕ ресгӕ ӕй ӕрмӕст Чиколай нӕ, фал райони иннӕ гъӕути дӕр. Гӕр, устур хуарздзийнӕдтӕ нин ку аразунцӕ нӕ райони ӕма гъӕути хецауадӕ нӕ цӕрӕнбунӕтти фӕлгонцадӕ хуӕздӕр ӕма рӕсугъддӕр кӕнунбӕл, уӕд аци фарстатӕн ба ацал-ауал анзи рӕстӕрдӕмӕ ниллух кӕнун нецихузи бал ес? Нӕ курухон хестӕртӕй нин уӕхӕн ӕмбесонд дзӕгъӕлти нӕ баизадӕй – «Адзалӕй уӕлдай мадзал алли гъуддагӕн дӕр ес иссерӕн». Нури равналӕнтӕ ӕма фӕггӕнӕнтӕ ба уомӕн фадуат ӕнӕмӕнгӕ дӕттунцӕ. Гъӕуй имӕ, ӕрмӕст, хуӕздӕр ӕргом раздахун еугай адӕймӕгти пайдайӕн нӕ, фал гъӕути берӕ цӕргути пайдайӕн.
Чиколай гъӕуи цӕрӕг, фӕллойни ветеран
Гуйти Лидӕ.
Ӕрмӕг мухурмӕ бацӕттӕ кодта
Чихтисти Р.