Конкурс
Къоста… Нæ лæугæ хонх, нæ цæугæ мæсуг! Æндæр ин исхонæн дæр некуд ес. Ирон адæми нифс æма литератури арф къахгæ цæгиндзæ. Иристони кадæ æма намус, æ ирд æстъалу, æ дзилли зæрдæ. Куд ин ес Къостай райгурæн бонæн хъæбæр ирдæй не сбæрæг кæнун. Аци анз дæр иссердтонцæ нæ уарзон поэти кадгин ном æгас республики дæр. Республики ахурадæ æма науки министради хъæппæресæй адæмон исфæлдистади хæдзари арæзт æрцудæй æмдзæвгитæ кæсгути конкурс.
Къоста ирон æвзаг æма литературæмæ бахаста æгæрон æвæрæн, æностæмæ дæр байзадæй сæ бундорæвæрæгæй. Æрмæст устур курдиади хецау нæй поэзи æма прози медæгæ, фал ма æй æгас ирон дзилли патриот. Æведуйгæ уарзтæй уарзта, ке æхсæн фæззиндтæй дуйнемæ, ке æхсæн исгъомбæл æй æма цардæй, уони. Къоста низзардта нæуæг хузи, никкастæй царди растдзийнадæмæ, равдиста ин æ катай æма æ сагъæстæ, равдиста сæ бæлвурд – бæрæгæй æгас дуйней дзиллæн. Хумæтæги æвæрд не ʹрцудæй дуйней берæнацион поэзий хуæздæр дзурди дæснити æмрæнгъæ.
Къостай исфæлдистадон фæндæгтæ æнцæ даргъ æма урух, æ берæвæрсуг поэзи нæ адæми зæрдитæмæ иссердта над æма си байахæста арф бунат. Йе ʹсфæлдистадон фæндæгтæмæ ин ракастæнцæ нæуæг цæстингасæй республики ци VII æмдзæвгитæ кæсгути конкурс «Ирон фæндыр» арæзт æрцудæй Къостай 163 анзей бæрæгбонмæ, уой архайгутæ. Архайгæ ба си кодтонцæ муниципалон этапти уæлахездзаутæ. Скъоладзаутæ кастæнцæ нæ ирон литератури гений – Къостай æмдзæвгитæ уотæ аййев æма зæрдæмæдзæугæ, ма жюрий иуæнгти бафтудтонцæ сагъæси, кæмæн радтонцæ бунæттæ, уой фæдбæл.
Мах районæй дæр си архайдта ахурдзаутæ, кæцити бацæттæ кодта сæ разамонæг, Цæгат Иристони адæмон ахуради скъухт косæг, Колити Аксой номбæл премий лауреат, Ирæфи райони адæмон театри архайæг, Аркъаути Джульеттæ.
Сæ карæмæ гæсгæ архайгутæ дехгонд æрцудæнцæ æртæ къуаребæл: хестæр, астæуккаг æма кæстæр. Сæ профессионалон æма аййев кастæн ба син аргъ кодта компетентон жюри. Конкурсанттæ адтæнцæ æгас районтæй æма Дзæуæгигъæуи скъолатæй. Куд загътон, уотæ се ʹгас дæр хъæбæр архайдтонцæ сæ аййев дзурди хъаурæ бавдесунбæл. Кастæнцæ конкурсанттæ куд поэзи, уотæ прозæ дæр. Сæ алли дзурд дæр арф гъардта зæрдæмæ. Æрмæст цъухæй нæ, фал ма сæ къохтæй дæр «дзурдтонцæ».
Æркæсгæй, жюрий иуæнгтæн хъæбæр зин адтæй бунæттæ исбæрæг кæнун æма байуарун. Берæ ракæнæ – бакæни фæсте, тæразæбæл барст æрцудæй алке æмдзæвги бакаст дæр æма исбæрæг æнцæ уæлахездзаутæ. Мах районæй си ка архайдта, уонæй æртемæн лæвæрд æрцудæй бунæттæ. 1-аг бунат исаккаг кодтонцæ Ганоти Данæн, кæци бакастæй æмдзæвгæ «Бæгуы зæронд дæн æз…». Цохъти Заур æмдзæвгæ («Мыст æмæ тæрхъус») æма Цорити Давид (басня «Халон æмæ рувас») райстонцæ фæйнæ 2-аг бунати. Лæвæрд син æрцудæй архæйæги Дипломтæ æма Кади гæгъæдитæ.
Зæгъун мæ фæндуй уой, æма Аркъаути Джульеттæ зæрдæй ке архайуй сувæллæнтти хæццæ, йе бæрæг æй уомæй, æма алли конкурси дæр фæййархайунцæ ма исунцæ уæлахездзаутæ.
Бабочити Э.