Нæ федтон амонд æз, фæлæ мæ уды бартæ,
Кæд мын зынаргъ сты, раст амондау, уæддæр, -
Мæ мæгуыр адæмæн рæсугъд сæрибар цардмæ
Æз иу къахдзæфыл дæр дæн раттынмæ цæттæ.
Афтæ фыста ирон адæмы стыр поэт Хетæгкаты Къоста. Уый уыдис генион поэт æмæ арф хъуыдыгæнæг, йæ дзыллæйы удыхъæд рæсугъддæргæнæг. Адæмы сæрыл тох кæнын уыд йæ царды ахсджиагдæр нысан. Мæнæ куыд фыста йæ автобиографион фæлварæны: «Æз, Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста, мæ цард снывонд кодтон хæххон адæмты сæрыл Кавказы администрацийы ныхмæ тохæн».
Къостайы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц йæ пъисмотæ. Уыдонæй базонæм, иууыл тынгдæр æй царды цавæр фарстатæ æндæвтой, уыдон. «Письма Коста – зеркало души поэта. В них Коста предстает перед читателем новыми гранями своего удивительного дарования. Дух и общее направление его творчества остаются неизменными и здесь». Они воспринимаются как новеллы, столько в них душевной красоты, тонких наблюдений над жизнью общества и психологией людей, метких и точных характеристик друзей и недругов, тревожных раздумий над смыслом жизни, литературы и искусства»
Къоста цы фæцард, уымæй дæр фылдæр Ирыстонæй дард уыд. Бавзæрста царды зындзинæдтæ. Адæмы сæрыл, рæстдзинадыл кæй тох кодта, уый тыххæй дыууæ хатты уыдис æрвыст йæ уарзон адæмæй, Ирыстонæй. Йæ пъисмотæн дæр сæ фылдæр фыст æрцыдысты уыцы рæстæджы.
Къостайы фыстæджыты тынг аивæй æвдыст цæуы йæ цæстæнгас царды бирæ фарстатæм. Уыдонæй базонæм, цы аргъ кодта поэзи, нывкæнынад, адæмон сфæлдыстад, уарзондзинад, сылгоймагæн æмæ а.д., æвдисы, цы цæстæй каст адæмы æфхæрджытæм, царды талынг æгъдæуттæм; фендзыстæм нæ уарзон поэтæн йæ цард хæрз чысыл ма куы уыд, уæдæй йе ссæрибары онг.
Мæнæ куыд фыста Смирновмæ 1897 азы 25 декабры. «Суанг мæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ нæ федтон мады рæвдыд æмæ бинонты цин». «Алкæмæн дæр йæ разы вæййы иу тынг хицон адæймаг, (Цæлыккаты Юлианæмæ 1899 азы 12 сентябры), - æппынæдзух куы нæ уа, уæд та рæстæгæй рæстæгмæ. Æмæ уыдонæн, зæрдæмæ хæстæг æвæрд хицонтæн, адæймаг снывонд кæны йæ царды бонтæй цасдæр рæстæг, адæймаг зоны, иунæг кæй нæу, кæй йын ис, йæ циндзинадыл ын цин чи кæны, йæ хъыгдзинадыл-хъыг æмæ афтæ дарддæр. Ахæм хæстæгдæр адæймæгтæ вæййынц кæнæ фыд, кæнæ мад, кæнæ та æфсымæр, хо, ус, сывæллæттæ. Фæлæ мæнæн та?»
Къоста йе ппæт уарзондзинад дæр схай кодта йæ фыд Леуанæн: «Мæ фыды æз канд уарзгæ нæ кодтон, фæлæ мæм зæды хуызæн касти. Ахæм сыгъдæгзæрдæ æмæ хæрзæгъдау адæймагыл æз никуыуал æмæ никæм фембæлдтæн. Мæ фыдимæ æдзухдæр уыдыстæм æмзонд, сывæллонау дзы никуы зонын над нæ, фæлæ карз уайдзæф дæр. Æцæг уый не 'мбæрста, æз Нывкæнынады академимæ цæмæн бацыдтæн уый, æмæ-иу мæ æппынæдзух фæрсгæ кодта: Уæддæр сы уызынæ, сы?» (Цæлыккаты Юлианæмæ).
Къостайæн йæ æвзонджы бонтæ æнкъард æмæ æнтъыснæг кæй уыдысты, уымæн æвдисæн йæ æмдзæвгæ:
«Нæй, ничи мæ уарздзæн дæ хуызæн»
Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад!
Дæ фырты куы ницы уал уырны, -
Ыстыхсын æй кодта йæ цард.
Ды куы уаис - куыд бирæ йæ уарзис
Æмбарис дæ фырты зæрдæ,
Тыхмийæ, фыдæй йæ цæргæсау
Ды хъахъхъæнис царды бæргæ.
Йæ рæдыдтæ уымæн ныббарис,
Дæдтис ын дæ фæлмæн хъæбыс.
Циу цардæн йæ амонд – зæгъис ын,
Фæндагыл- иу уаис йæ ныфс.
Къоста æвзонгæй райдыдта рæстдзинадыл тох кæнын. Уый бæрæг у ирон интеллигенци, йæ сæргъы Къоста, æмæ Терчы облæсты начальник генерал-лейтенат С.В.Кахановы ʼхсæн быцæуæй ирон сылгоймæгты скъолайы тыххæй. Скъола байгом 1862 азы (Колыты Аксо), 1891 азы æрцыд æхгæд. Уыцы рæстæджы фыстæджыты арæх ис ирон скъолайы кой: «Ирон скъола та цы бацис» (Шредерсмæ). «Куыд цæуынц скъолайы хъуыддæгтæ?» ( Цæлыккаты Алыксандрмæ).
Йæ байгом кæныны тыххæй Къоста 1-аг хатт æрвыст æрцыд Ирыстонæй Терчы бæсты хицау Кахановы фæндонмæ гæсгæ, куыд змæнтæг элемент (5 азы). Бахауд Хъæрæсейы хæхты талынг цъассмæ, æвзист æмæ здыйы рудникмæ.
«Хъавыдтæн мæ зæрдæйы уаг равдисынмæ, Хъæрæсейы бæстастæу хæхты, æцæгдæр, дзæбидырау куы рахау-бахау кодтон, уæд. Уыцы рæстæджы цы æмдзæвгæтæ ныффысстон, уыдон иууылдæр сты уæлдай æрхæндæг. Мæ фыды мæлæт мын бынтон амардта мæ зæрдæ. Æз мæхи банкъардтон зыбыты иунæг ацы стыр дунейы», - фыста Къоста Цæлыккаты Аннæмæ 6 декабры.
Йæ фыстæджыты В. Г. Шредерсмæ 1891 азы 19 сентябры та фыста: «Мæ уавæр афтæ æвзæр у æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Иунæг дæн алцæмæй дæр. Тох кæнын мæ бон нæу. Иу адæймаг хæсты быдыры æфсад нæу. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ йæхи ирвæзын кæнæд. Чырыстийы хатырæй, фысгæ кæн, фысгæ хуыцауы хатырæй».
Къоста Ирыстонмæ сыздæхт 5 азы фæстæ, фæлæ Каханов æмæ хæххон администраци нæ ферох кодтой ирон «къæйных» поэт æмæ публицисты. 1898 азы Дзæуджыхъæуы Дудиаты Хæмæтхъаны хæдзары чындзхасты ирон адæм æмæ пъæлицæйы 'хсæн рауадис быцæу. Уым хуымæтæджы архайæг фæци Къостайы æмном æмæ æммыггаг Хетæгкаты Созырыхъойы фырт Константин. Каханов Советмæ, «Къоста æдгæрзтæ ирон адæмы сæргъы ныллæууыдис ныхмæ æфсæддон пъæлицæйы хицæуттæм», зæгъгæ, ахæм дзырд бахаста. «Каханов мæ Кавказы крайы арæнтæй арвитыны тыххæй баныхас кодта хæстон æмæ мидхъхъуыддæгты министртимæ. Фæлæ кæдæм? Цас æмгъуыдмæ? Цы бачындæуа? Ницы фыдми ракодтон, уæдæ агитаци дæр нæ кодтон, газетты цы куыстон, уымæй уæлдай!» - фыста Къоста Аннæмæ.
Ногæй та æрвыст æрцыд Къоста Ирыстонæй Херсонмæ. 15 июны цы фыстæг ныффыста Цæлыккаты Юлианæмæ, уым хъаст кæны, интеллигенци дзы кæй нæй, æнкъард дзы кæй у, адæймаг дзы йæхи кæм аирхæфса, уый дзы кæй нæй, ууыл. Йæ фыстытæй бæрæг у йе 'нкъарддзинад: «Ды куынæ уыдаис, уæд афонмæ раджы ныммардаин ацы æлгъыстаджы æцæгæлон бæстæйы» (Цæлыккаты Юлианæмæ). Херсоны æвзæр уавæрты цæргæйæ йæ низ тыхджындæр кæнын райдыдта.
Къоста йæхæдæг, стæй йæ хорз æмбæлттæ тынг архайдтой йе ссæрибар кæныныл. Йæ низ дæр тыхджындæр кодта Херсоны. «Æз ахæм уæззау сæйгæ дæн, æмæ никæцы фæлтæрд дохтыры бон бауыдзæн мæнæй кризис басусæг кæнын», - фыста Цæлыккаты Еленæмæ 1899 азы 4-æм июлы. Къостайы ныфс нал уыд кæй йæ ссæрибар кæндзысты уый, фæлæ райста рагæй кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы телеграммæ: «Ура! Телеграммæ Хетæгкаты Къостамæ Калакæй. Ацы телимæ къниаз Голицын дзырд радта Терчы облæсты дын цæрыны бар кæй ис, уый фæдыл, фæлæ Дзæуджыхъæуы æмæ Дзæуджыхъæуы окруджы куыд нæ цæрай, афтæмæй.- Инæлар Беляевский»
«Уыцы сахат мæм исчи куы æрбакастаид! Тел райстон æхсæвы фыццæгæм сахатæрдæгыл. Уайтагъд адугъ кодтон пост - телеграфы къантормæ æмæ радтон дыууæ телы- Алыксандрмæ æмæ Андухъапармæ. Ныр та дæуæн дæр сфыстон манифесты къопи. Хъуыдытæ сæры хæццæ кæнынц», - фыста Къоста Аннæмæ 1900 азы 1-æм январы.
Къоста тынг хорз æмбæрста царды иууыл сæйрагдæр хæс: «Æнæкæрон уарзтæй уарз кусын æмæ адæмы. Сахуыр кæн ууыл дæхи æмæ уæд дæуæй амондджындæр ничи уыдзæн зæххыл», - амыдта йæ писмойы йæ уарзон чызг Аннæйæн. Къоста арæх хъуыды кодта царды ныхмæвæрддзинадыл æмæ йæ писмойы дæр Цæлыккаты Юлианæйы уымæн фæрсы: «Цæмæн ис ахæм бар æмæ иу адæймаг иннæмæн тыхми кæна? Адæймаджы сæрибардзинад хызт цæуыннæ у тыхмийæ?»
«Фидар лæуут, фидар, æнгом кæрæдзийы дзырд æмбарут, уый йеддæмæ нын ничи ницы хъомыл у, - афтæ фыста Къоста йæ писмойы æмæ афтæ уыд йæ фæдзæхст йæ уарзон адæмæн дæр. Чи мæ фехъуса, уый мæ кæд бамбарид, чи мæ бамбара, уый мæ кæд никуы ферох кæнид».
Ирон адæм фехъуыстой, бамбæрстой æмæ нæ ферох кодтой Къостайы!
Дреты Тамарæ, Сечеры скъолайы ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнæг.

