Ахурадæ
Алли адæмæн дæр, толдзæ бæласау, ес едæгтæ, зæнгæ æма къалеутæ. Едæгтæ æнцæ йе ΄взаг, зæнгæ – йе ΄гъдæуттæ, къалеутæ ба – царди медес. Бæласæн æ къалеутæ ку ниццæгъдай, фал æ едагæ гъигæдард ку не ΄рцæуа, уæд æ зæнгæ нæуæг къалеутæ рауаддзæй. Æ зæнгæ ин ку ралух кæнай, фал уæддæр едæгтæ цардгъомæй ку байзайонцæ, уæд нæуæг таутæ исуаддзæй, æма ин зæнгæ дæр уодзæй, къалеутæ дæр. Гъе, фал ин æ едæгтæ ку ниллух кæнай, уæд йе ʹсæфт æрцæудзæй.

Æвзаг æй æгас дуйне, нæ ардбахуæрæн, алли цæмæдесдзийнадæй хайгин. Адæми уодæгас зæрдлæууæн, æ уод, æ æхсæнадон есбон. Æвзаг æй адæми устурдæр хæзна, кæцимæй сæрустур гъæуама уа алли адæмихатт дæр. Маддæлон æвзагæн нециуавæр лæвари хæццæ ес рабарæн. Маддæлон æвзагбæл фегъосæн нæ фиццаг дзурдтæ, иннæ æвзæгтæй уæлдай уобæл æнхæстдæрæй æма аййевдæрæй равдесæн нæ зæрдиуаг. Æвзаг æй еци бундор, кæцибæл алли уодгоймаг дæр аразуй æ цард æ фиццаг къахдзæфæй, æ фиццаг исолæфтæй фæстæмæ. Йе ʼвзаги фæрци адæймаг аргъ кæнун кæнуй æхецæн, æ истори æма æ культурæн, йе ʼгъдæуттæ æма æ традицитæн, се ʹгас ратæдзæнтæ æма хецæндзийнæдти хæццæ.
Фал абони исæфти къахбæл лæуд ци æвзæгтæ ес, уонæй еу æй дигорон æвзаг дæр. Ма хъæбæр гъулæггаг æма ходуйнаг куд нæй махæн аци гъуддаг. Уогæ ба Республикæ Цæгат Иристон – Аланий Конституцимæ гæсгæ, ирон æма дигорон диалекттæ уруссаг æвзаги рæнгъæбæл нимад цæунцæ паддзахадонбæл.

Кæд Иристони цæргутæй беретæ зонгæ нæ ʼнцæ уæхæн нæмтти хæццæ, куд: немуцаг ориенталист Юлиус фон Клаперт, уæрæсейаг ертасæг, Финляндийæй рацæуæг Андрей Шегрен, Всеволод Миллер æма академик Абайти Васо, кæцити сгарæн – ертасæн наукон куститæ ирон æвзагзонунади фæдбæл иссæнцæ зундгонд æгас дуйнебæл, уæддæр Хетæгкати Къоста ма Малити Геуæргий ба зонуниау æй алкедæр. Ма етæ ци дессаги аййев исфæлдистадæ ниууагътонцæ дигорон – ирон литератури, етæ ци дессаг зæлланггæнгæ æвзагæй низзардтонцæ се ʼмдзæвгити, уой гъæуама исæфун куд бауадзæн. Туркмæ ци адæм фæллигъдæнцæ, сайт сæбæл рауайгæй хуæздæр цард æнгъæл, етæ идард бæстæбæл нæ байронх æнцæ сæ маддæлон æвзаг, байгъæуай кодтонцæ ма ибæл сæ сæрмæ хæссунцæ дзорун. Ирон æвзаг ахур кæнунцæ англий университетти куд алайнаг æвзаг. Махæй ба беретæ, Иристони цæргæй, нæ сæрмæ нæбал хæссæн нæ маддæлон æвзаг. Тæрсун, тагъд æ фæстаг мурти цъист ма иссæуа.
Мæ разнихас æвзаги туххæй цæмæ ракодтон? Уомæн æма идарддæр мæ дзубанди цæудзæй дигорон æвзаг багъæуай кæнуни гъудибæл федар хуæст ка ʼй æма ибæл архайгæ дæр еузæрдиуонæй ка кæнуй, уæхæн адæмбæл. Етæ æнцæ Чиколай 3 - аг астæуккаг скъолай райдайæн кълæсти ахургæнгутæ Химилонти Азæ æма Гасанти Ларисæ. Аци дууæ рохситауæги æхсæвæй - бонæй архайунцæ, цæмæй ирæзгæ фæлтæрмæ цæмæдесдзийнадæ æвзура нæ дигорон культурæмæ, цæмæй сæ уодмæ хæстæг есонцæ уруссаг æма фæсарæйнаг æвзæгтæ нæ, фал фиццагидæр сæ маддæлон æвзаг. Нæ зæгъун, æвзæгтæ зонун нæ гъæуй. Фал æ маддæлон æвзаг ка нæ зона, йе ба æнæбазур маргъи хузæн æй, фæззæгъунцæ.
Аза æма Лариса, бæстон лæмбунæг бакосгæй, исаразтонцæ литературон кæсуйнади киунугæ дигорон æвзагбæл 2 къласæн. Арæзт æй нæуæг Паддзахадон Федералон Ахурадон Стандартти (ПФАС) - и домæнтæмæ гæсгæ. Нур сувæллæнтти аци ахургæнæн киунугæ хондзæй идарддæр ахури фæндæгтæбæл.
«Ахури сæйраг фæрæзнитæй еу æй литерæтурон кæсуйнадæ. Ейæ сабийти бакæнуй аййев литерæтури дуйнемæ, байгон син кæнуй царди дуæрттæ, бауарзун син кæнуй киунугæ, гъæздугдæр син кæнуй се ΄взаг, сæ дзурди культурæ син бæрзонддæр есуй. Сувæллон литерæтурон кæсуйнади фæрци базонуй æрдзи цард, æ сосæгдзийнæдтæ æма æ федауцæ. Базонуй адæймаги уодигъæдæ, æ царди нисан, базонгæ уй нæ фиддæлти æгъдæутти хæццæ æма сæбæл æхе ахур кæнуй.
Аци киунуги ахур кæнгæй, сувæллонмæ гъæуамæ ирæза цæмæдесдзийнадæ уадзимистæ кæсунмæ, исфæлдистадæмæ. Уой фæрци ахурдзаутæн раргом уа уадзимиси медес. Скъоладзау гъæуама балæдæра автори цæстингас æрдзæмæ, цардмæ, цаутæмæ, базона ци æй хуарз æма лæгъуз, рæсугъд æма фудконд, кадæ æма æгадæ. Базона гъæуама еци фæззиндтитæмæ æхе цæстингас æвдесун.
Программæ домуй, цæмæй сабийтæ базононцæ, тексти сæйрагдæр ци æй, уой рахецæн кæнун, уадзимиси медес хе дзубандитæй радзорун, дзурдти нисанеуæг зонун, текстæн йæ аййевадон æууæлтæ рахатун.
Ахурадон фæрæзнæмæ киунуги ци æрмæгутæ хаст æрцудæй, уонæми ес бæлвурд зонунадон æма гъомбæладон медес. Текститæ лæвæрд цæунцæ, сабийти карæ нимайгæй. Алли æрмæг дæр æнгом баст æй программи хæццæ. Нæ си ес зин кæсæн, зин лæдæрæн фразитæ. Сувæллæнттæмæ æвзурун кæнунцæ уарзондзийнадæ нæ Фидибæстæ æма Иристони æрдзæмæ, адæймаги хуæздæр менеугутæ, аразунцæ сæ раст зундирахаст æма зæрдикондбæл. Æрмæгути буни ци фарстатæ нисангонд цæуй, етæ урухдæр кæнунцæ сабийти цæмæдесдзийнадæ царди æма дуйнети арæзт банкъарунмæ.
Ахурдзаути гъудикæнундзийнадæ арфдæр цæмæй фæууа, уомæн устур агъаз æнцæ киунуги уæхæн æрмæгутæ, куд «Æмбесæнттæ», «Бацеу-бацеутæ», «Зæрдæбæл бадаруйнæгтæ», «Нисæнттæ», «Хинцфæрститæ», «Æрдзæ амонуй», «Раходæн» æма æндæртæ.
Байамунд æма иннæ фæрæзнитæ ахургæнæн киунуги фадуат дæттунцæ ахургæнæгæн хебæраги, æмкъай, къуæртти, проектон куст аразунæн, фегъосгæ æма бакаст æрмæгутæ хе дзурдтæй радзоруни райдайæни фæлтæрддзийнадæн æвæрунцæ гъæугæ бундор.
Сюжетон æма предметон хузтæмæ гæсгæ ци куститæ лæвæрд цæунцæ киунуги, етæ æнцæ национ колоритæй æнхæст, æнцондæр кæнунцæ текстон æрмæгути хуæздæр балæдæрундзийнадæ, нихаси ирæзтбæл бакосунбæл, ахур кæнунцæ сабийти маддæлон æвзаг бауарзунбæл, æрдзи рæсугъддзийнæдтæ æстæфунбæл æма æрдзæбæл ауодунбæл.
Сабийти разӕнгард кӕнуй лæвæрд æрмæг кæсунмæ, ирон – дигорон, уруссаг æма еугурдуйнеон литератури хуæздæр уадзимисти фæрци сæ меддуйне гъæздугдæр кæнунмæ.
Киунуги ес фагæ æрмæгутæ ирон æвзагбæл. Етæ равгæ дæттунцæ скъоладзаути цæттæ кæнунæн ирон æвзагмæ рахезунмæ 5 - аг къласи, куд маддæлонмæ, уотæ», - зæгъунцæ киунугæ аразгутæ.
Аци киунугæмæ æркæсгæй, федарæй зæгъун æмбæлуй уой, æма ибæл куст æрцудæй уæлæнгай нæ, фал устур æмвæзадæбæл. Ахурдзаутæ си сæхецæн райссæнцæ пайдайаг æрмæг. Царди рохс фæндæгтæмæ сæ рахондзæй. Базондзæнцæ, куд адгин æма хъазар æй адæймагæн æ Фидибæстæ, æ райгурæн зæнхæ, йе ʼвзаг. Киунугæ аразгутæ раст бацудæнцæ æма байархайдтонцæ, цæмæй æрмæги медæгæ уа: универсалон ахурадон (познавательный), регулятивон (регулятивный), коммуникативон (коммуникативный) æма уодгоймагон (личностный) архайдтитæ.
Аци литературон кæсуйнади киунугæбæл архайгæй, дууæ курухон ахургæнæги, нæ исони бони фæлтæртæ гъомбæлгæнгутæ, федæни æхсæнадæ ци сауæдонæй ниуазунцæ, уой рæсоггæнгутæ, сæ царди устурдæр ихæсæн æривардтонцæ æрмæст сувæллони сæргъи лæугæй урок раевгъуйун кæнун нæ, фал ин еци урокки медæгæ æ сæри зунд куд, уотæ æ уод, æ меддуйне дæр фæгъæздугдæр кæнунбæл. Ахургæнæги куст искурдиадæ æй. Хуцауæй ратгæ искурдиадæ. Химилонти Азæ æма Гасанти Ларисæ æнцæ еци искурдиадæй хайгин. Сæ дæсниадæ æнæкæрон уарзтæй ка уарзуй, сæ куст цийнæдзийнадæ æма амонд кæмæн хæссуй, сувæллæнттæн æнæвгъауæй æ зонундзийнæдтæ, æ уоди хъаурæ ка дæттуй, уæхæн дууæ ахургæнæги. Сæ уроктæ архайунцæ методикон æгъдауæй раст аразунбæл, нуриккон домæнти аккаг. Пайда кæнунцæ алли хузи мадзæлттæй, цæстæйуингæ æрмæгæй, цæмæй сæ алли урок дæр сувæллæнттæмæ æвзурун кæна цæмæдесдзийнадæ, фæрæтæй æркъуæруни хузæн нæ, фал сæ алливæрсугдзийнадæй.
Сæ устурдӕр мӕтӕ ӕй, сӕ къохмӕ ци сувӕллӕнттӕ бафтуйуй, уони, скъолай меддуармӕ сӕ фиццаг ӕрбакъахдзӕф кӕнунӕй хестӕр кълӕстӕмӕ бахезуни уӕнгӕ, исахур кӕнун, фиццагидӕр син кæсун, финсун ӕма нимайун байамонун. Фал ӕрмӕст уобӕл нӕ лух кӕнунцæ сӕ ахурдзаути рази се ‘хӕс. Фӕндуй сæ, цӕмӕй си алке дӕр исуа федӕни бони ӕцӕг лӕг, ӕ адӕмӕн дӕр, ӕ райгурӕн бӕстӕн дӕр кадӕ ка искӕна, ӕ фиддӕлти ӕгъдау сӕрбӕрзондӕй ка хӕсса, уӕхӕн. Дзорунцæ син нӕ культурӕбӕл, традицитӕ ӕма царди ӕндӕр гъӕугӕ фарстатӕбӕл. Урокти фӕсте дӕр ниууорамунцæ, ӕнхӕст ка нӕ балӕдӕруй нӕуӕг ӕрмӕг, уоци ахурдзаути, ма сӕ хӕццӕ бакосунцæ уӕлӕмхастӕй.
Азæ æма Ларисæ урокти медӕгӕ дӕр ӕма ӕнӕ уой дӕр дессаги фӕлмӕн цъухӕй дзорунцæ сӕ сувӕллӕнттӕмӕ. Урок амонгӕй, сӕ дзубандитӕ уотӕ аййев фӕуунцӕ, ӕма, цӕугӕ дони зардау, азӕлунцӕ гъоси. Лӕдӕрунцæ сувӕллӕнтти рист, сӕ минкъий уодти мӕтӕ син сӕхемӕ хæстæг есунцæ, ма сæбӕл етӕ дӕр еузӕрдион ӕнцӕ. Ӕцӕг ахургӕнӕг берӕ цӕмӕйдӕрти рабӕрӕг уй. Уонӕй еу гъуддаг ӕй сувӕллӕнттӕмӕ ӕмхузон цӕстингас дарун, хуӕрзтӕ ӕма сӕ лӕгъузтӕбӕл нӕ дех кӕнун. Ма уогӕдӕр лӕгъуз сувӕллонӕн уӕн куд ес? Ӕрмӕст дӕр ӕй балӕдӕрун гъӕуй, ӕ зӕрдӕмӕ ин никкӕсун. Уӕхӕн ахургӕнгутæ æнцæ Азæ æма Ларисæ дӕр. Нӕ сæмӕ ес а сау, а - уорс. Ӕгасӕй дӕр исунцӕ сӕ бӕдӕлттӕ, бӕдолӕ уӕлдай ба нӕййес, сӕхуӕдтæ куд зӕгъунцæ, уотӕ.
Аци дууæ ахургæнæги сæ размӕ ци нисанттæ ӕрӕвӕрунцæ, уони архайунцæ банхӕст кӕнунбӕл. Ес сæмӕ хъаурӕ ӕма разӕнгарддзийнадӕ. Мӕ зӕрдӕ син зӕгъуй нӕуӕг ӕскъухтдзийнӕдтӕ сӕ кусти. Сæ царди сæмӕ ци рӕсугъд бӕллецтӕ ес, етӕ сӕ къохти бафтуйӕнтӕ.
Бабочити Э.